Цас баххуыс кодта Хуссар Иры хицауад ӕмбӕстӕгтӕн иу мӕймӕ

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæСахъат адӕймаг
Сахъат адӕймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд мӕй ӕххуыс райстой республикӕйы 150 ӕмбӕстагӕй фылдӕр, кӕцытӕ сты зын цардуагон уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон райрӕзты министрад майы баххуыс кодта ӕмбӕстӕгтӕн 1 милуан 500 мин сомы бӕрц. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ хицауады пресс-службӕ.

Иумӕйагӕй, материалон ӕххуыс уагдонӕй райстой республикӕйы 151 ӕмбӕстаджы.

"Се 'хсӕн 1 ӕмӕ 2 къорды 6 инвалиды (65 мин сом), 13 сабийы бонтӕй инвалиды (130 мин сом), 63 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (690 мин сом), 20 амӕттаджы бинонтӕ (200 мин сом), 12 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (135 мин сом), 9 сидзӕры (95 мин сом). Иухаттон материалон ӕххуыс ӕнӕниздзинады фӕдыл райсдзӕн 4 ӕмбӕстаджы (65 мин сом), афтӕ ма Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты 24 хайадисӕджы дӕр (120 мин сом)", — банысан кодтой уагдоны.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад алы мӕй дӕр дӕтты хицауадӕн информаци се 'ххуысы тыххӕй. Адресон ӕххуыс дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0