Ӕртӕ азы Sputnik-ыл: агентады радзырдтой сӕ проекттӕ ӕмӕ нывӕзттыл

© Sputnik / Наталья АйриянӔртӕ азы Sputnik-ыл
Ӕртӕ азы Sputnik-ыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Агентады пресс-центры уагъд ӕрцыд ахуырадон проекты презентаци ӕмӕ пресс-конференци, цы ран хайад райстой ХИПУ ректор, Sputnik радиойы разамонӕг ӕмӕ Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоныл сӕххӕст ӕртӕ азы. Бӕрӕгбоны цытӕн агентады пресс-центры къуырисӕры уагъд ӕрцыд ахуырадон проект SputnikPro-йы презентаци ӕмӕ пресс-конференци, цы ран хайад райстой ХИПУ ректор Тедеты Вадим, Sputnik радиойы разамонӕг Алексей Орлов ӕмӕ Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев.

Чысыл, фӕлӕ ахсджиаг датӕ

Виталий Раднаев раарфӕ кодта кусджытӕн бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, ӕртӕ азы дӕргъы агентад кӕй рацыд стыр фӕндаг ӕмӕ ӕрбаздӕхта йӕхимӕ бирӕ кӕсджыты ӕмӕ хъусджыты.

"Махӕн ай у чысыл, фӕлӕ ахсджиаг датӕ. Мах бирӕ бакуыстам ацы рӕстӕгмӕ. Нырма фарон нӕ сайтыл уыд 7,5 мин уникалон уазӕджы, фӕлӕ цалдӕр мӕймӕ нӕ кӕсджыты нымӕц фӕфылдӕр дыууӕ хатты", — зыгъта агентады разамонӕг.

SputnikPro — рагон бӕллицы сӕххӕст

Къуырисӕры агентады ацыд SputnikPro проекты презентаци, Sputnik пресс-центры уагъд ӕрцыд фыццаг мастер-класс.

SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект

"Чидӕриддӕр нын баххуыс кодта ацы рагон бӕллиц сӕххӕст кӕнынӕн, уыдонӕн стыр бузныг", — загъта Виталий Раднаев.

Проекты фӕлгӕтты уагъд цӕудзысты тренингтӕ, мастер-класстӕ, иу бон нывонд уыдзӕн ӕрмӕст Хуссар Ирыстонӕн.

Алексей Орловы ныхӕстӕм гӕсгӕ, SputnikPro арӕзт у куыд ахуырадон проект, кӕцыйӕ пайда райсдзысты иууылдӕр — студенттӕ базондзысты, куыд кусы журналистикӕ, Sputnik та ссардзӕн курдиатджын кусджыты.

"Цхинвал фехъусдзӕн нӕ ныхас"

Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев банысан кодта, агентад кӕй нывӕнды йӕ куыст ноджы ауӕрӕх кӕнын, фӕлӕ республикӕйы ис кадрты проблемӕ.

Ӕввахс мӕйты радио Sputnik Хуссар Ирыстон рахиздзӕн комкоммӕ эфирмӕ.

Афтӕ ма уый загъта, ХИПУ журналистикӕйы факультеты студенттӕн фадат кӕй уыдзӕн агентад Sputnik-ы практикӕ рацӕуын. Университеты ректор Тедеты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, студенттӕ рацӕуынц практикӕ алы паддзахадон ДИФ дӕр, фӕлӕ хъӕуы Sputnik Хуссар Ирыстоны фадӕттӕй дӕр спайда кӕнын.

ХИПУ ректор Sputnik Хуссар Ирыстоны тыххӕй: фидар интернет-портал

"Агентады сӕргълӕууӕгимӕ нӕ ахастытӕ сты тынг хорз. Ӕртӕ аз чысыл ӕмгъуыд нӕу. Уыцы рӕстӕгмӕ Sputnik йӕхи равдыста куыд фидар интернет-портал ӕмӕ ссардта йӕ бынат Хуссар Ирыстоны информацион системӕйы", — банысан кодта Тедеты Вадим.

Ректор загъта йӕ хъуыды Sputnik радиойы тыххӕй дӕр, кӕцымӕ уый лӕмбынӕг фӕхъусы.

© Sputnik / Наталья АйриянӔртӕ азы Sputnik-ыл
Пресс-конференция в честь 3-летия Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртӕ азы Sputnik-ыл

Афтӕ ма уый загъта бузныджы ныхӕстӕ агентадӕн, ХИПУ студенттӕн фадат кӕй радта Sputnik мадзӕлтты хайад исын.

Тедеты Вадим радзырдта, ХИПУ дӕр хъус кӕй дары информацион уагдӕттӕм ӕмӕ университетӕн кӕй ис йӕхи фӕрӕзтӕ, цӕмӕй университеты куысты тыххӕй хъусын кӕной ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы дӕр.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0