Парламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ

© Sputnik / Диана КозаеваПарламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ
Парламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕ сӕргълӕуджытӕй сты нырма иннӕ ӕртӕ районы тӕрхондӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум хорзыл банымадта Бестауты Фатимӕйы кандидатурӕ Знауыры районон тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы бынатмӕ.

Верховный суд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УТ тæрхонгæнджыты кандидатурæтыл сразы сты парламенты

Бестауты Фатимӕйы кандидатурӕ парламентмӕ бавдыста президент Бибылты Анатолий.

Бестауты Фатимӕйы биографиимӕ депутатты цыбыртӕй базонгӕ кодта закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады комитеты сӕрдар Тедеты Нонна.

Хицӕн рӕстӕджыты Бестауты Фатимӕ куыста тӕрхонгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕгӕй, уый фӕстӕ уыд Цхинвалы горӕттаг тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕгӕй. Ныртӕккӕ кусы унитарон куыстуат "УКС"-ы кадрон барадон хайады хистӕрӕй.

Раздӕр ма парламент сфидар кодта Уӕлдӕр тӕрхондон ӕмӕ Цхинвалы горӕттаг тӕрхондоны хистӕрты. Дзауы, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районты тӕрхондӕттӕ нырма ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ сӕргълӕуджыты сфидармӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0