Куыд уагътой Гуырдзыстонимӕ арӕн: Хуссар Иры сарӕзтой сӕрмагонд къамис

© Sputnik / Наталья АйриянГуырдзыстонимӕ арӕн
Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты инициативӕйӕ арӕзт къамис хъуамӕ сбӕрӕг кӕна, цӕмӕ гӕсгӕ кӕцыдӕр хӕдзӕрттӕ баззадысты Гуырдзыстоны территорийыл

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сарӕзтой парламентон фӕдагуырды къамис Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фарстыты фӕдыл. Депутатты фӕнды сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕ гӕсгӕ арӕн банысан кӕныны рӕстӕджы бирӕ цӕрӕн пунктты зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ баззадысты Гуырдзыстоны территорийыл.

Амӕйразмӕ парламентмӕ бадзырдтой Знауыры районы Цънелисы хъӕуы цӕрджытӕ, кӕцытӕ равдыстой ӕнӕразыдзинад ацы хабары фӕдыл. Уыдон бамбарын кодтой, демилитаци ӕмӕ демаркацийы рӕстӕджы хъӕууон администраци кӕй баззадис Гуырдзыйы территорийыл.

Ацы куырдиаты фӕстӕ уынаффӕ рахастӕуыд парламентон фӕдагуырды къамис саразын.

"Хуссар Ирыстоны Конституцийы фыст у, республикӕйы территори кӕй у ӕнӕагайгӕ. Йӕ арӕнтӕ ӕмӕ йӕ статус нӕй гӕнӕн ивын ӕнӕ адӕмы разыдзинадӕй", — загъта спикеры хӕдивӕг Тедеты Руслан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарсты фӕдыл ауагътой комитеты рабадт, кӕцымӕ фӕхуыдтой ацы фарстимӕ зонгӕ специлистты. Баныхасы хайадисджытӕ ӕрцыдысты хъуыдымӕ, депутаттӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ бакусой ӕрмӕджытыл, кӕцытимӕ архайдта Хуссар Ирыстоны арӕны демилитаци ӕмӕ демаркацийы къамис.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы радзырдтой арӕнмӕ фӕтыхджындӕргонд хъусдарды тыххӕй

"Хъуыддаг ма ис уый мидӕг, ӕмӕ Гуырдзыстоны баззайгӕ территорийыл 1936 азӕй фӕстӕмӕ куыстой тальк ӕмӕ мраморыл. Хуссарирыстойнаг мраморӕй сарӕзтой метро "Павелецкая" Мӕскуыйы ӕмӕ дыууӕ метро та Тбилисы. Афтӕ ма дзы ис серпентиниты рӕдзӕгъдтӕ дӕр", — радзырдта Тедеты Руслан.

Уый ма бафтыдта, кӕй ис ахӕм территоритӕ, цы ран арӕн раст нӕ ауагътой.

Парламенты спикер Гасситы Петр банысан кодта, хъӕуты цӕрджытӕ-иу бирӕ хатт кӕй бахатыдысты ахӕм хъӕстытимӕ.

"Махӕн ахӕм стыр зӕхх нӕй, цӕмӕй искӕмӕн балӕвар кӕнӕм иу чысыл хай дӕр. Кӕд дзы ауагътой рӕдыдтытӕ демаркицийы рӕстӕджы — барӕй ӕви ӕнӕнхъӕлӕджы, уӕд сӕ хъӕуы ссарын ӕмӕ сраст кӕнын", — загъта спикер.

Депутаттӕ сфидар кодтой, парламентон къамисы скондмӕ чи бацӕудзӕн, уыдон номхыгъд, фӕлӕ йӕ ныууагътой гомӕй, цӕмӕй ма ацы фарстыл бакусын кӕй фӕнды, уыдон дӕр хайад райсой къамисы куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0