Хуссар Иры бюджетон кусджытӕн фӕфылдӕр уыдзӕн сӕ мызд

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæУФ ӕхца
УФ ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыздты фӕфылдӕры фӕрӕзтӕ рагхыгъд сты ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырды

ЦХИНВАЛ, 21 июн ­- Sputnik. Хуссар Ирыстоны бюджетон кусджыты мызд фӕфылдӕр уыдзӕн ацы аз, фехъусын кодта парламенты депутаттӕн финансты министр Хӕбӕлаты Аза.

Цыппӕрӕмы республикӕйы парламент байхъусдзӕн хицауады 2017 азы куысты фӕдыл хыгъдлӕвӕрдмӕ. Депутатты фӕндыд базонын, схиздзысты мыздтӕ ӕви нӕ.

"Ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды 7-ӕм статьямӕ гӕсгӕ алы аз дӕр мызд хъуамӕ фылдӕр кӕна. Мызд фӕфылдӕр фарон дӕр ӕмӕ 2016 азы дӕр. Мах бацӕттӕ кӕндзыстӕм бахыгъдтӕ ӕмӕ бюджетон кусджытӕ райсдзысты мызд фӕлхыгъдимӕ", — загъта Хӕбӕлаты Аза.

Министр нӕ банысан кодта бафтыды суммӕ, уый тыххӕй ӕмӕ алыгъуызон бюджетон кусджытӕн бафтыд иугъуызон нӕ уыдзӕн.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

"Ацы аз мах баввахс кӕндзыстӕм нӕ мыздтӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕмвӕзадмӕ. Мӕн нырма нӕ фӕнды дзурын бафтыды суммӕ, уый тыххӕй ӕмӕ нырма квалифициргонд дзуапп нӕ уыдзӕн", — бамбарын кодта финансты министр.

Фарон республикӕйы мыздты индексацийы тыххӕй рахицӕн кодтой 195,5 милуан сомы. Мыздтӕ фӕфылдӕр сты ахуырад, медицинӕ, культурӕ, физикон культурӕ, спорт, ветерантӕн ӕмӕ ДИФ кусджытӕн.

Мызды индексаци нывӕндынц уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы ӕрфыстой 2016 азы декабры ӕмӕ дзы нысан цӕуы, паддзахадон ӕмӕ муниципалон уагдӕтты мыздтӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзысты Уӕрӕсейы бюджеты фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0