Рӕстӕмбис: депутаттӕ саргъ кодтой Хуссар Иры хицауады куыстӕн

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар цыппар сахаты дӕргъы дзуапп кодта депутатты фарстытӕн, кӕцытӕ фӕстагмӕ райгондӕй баззадысты министрты кабинеты куыстӕй

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад 2017 азы бакодта рӕстӕмбис куыст. Ахӕм вердикт цыппӕрӕмы рахастой парламенты депутаттӕ, хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы дзуаппытӕм куы байхъуыстой, уӕд.

Здание театра в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады сӕрдар фехъусын кодта театры арӕзтады фӕуды ӕмгъуыд

Хицауады хыгъдлӕвӕрд депутаттӕн радтой развӕлгъау ӕмӕ йӕ парламенты сессийы нал бакастысты. Депутаттӕ райдыдтой фарстытӕ дӕттын, кӕцытыл премьер дзуапп кодта цыппар сахатӕй фылдӕр.

Фарстытӕ уыдысты социалон-ахсджиаг арӕзтад, цӕрӕнуат, ӕнӕниздзинады райрӕзт, демографион уавӕры фӕхуыздӕр ӕмӕ фиддонты системӕйы фӕхуыздӕры тыххӕй.

Афтӕ ма депутатты фӕндыд базонын, кӕд ратдзысты эксплуатацийы объекттӕ, кӕцыты аразынц бирӕ рӕстӕг, сӕйраджыдӕр, театр, Къуайсамӕ ӕмӕ Ленингормӕ фӕндӕгтӕ.

Хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры куыстытӕ фӕуыдзысты иу мӕйы фӕстӕ, фӕндаг Гуфта-Къуайса та сараздзысты дыууӕ азмӕ.

Афтӕ ма уый ныфс бафӕрдта, республикӕйы дарддӕр дӕр кӕй араздзысты социалон цӕрӕнуат.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хицауад хыгъдлӕвӕрд ратдзӕн депутаттӕн 2017 азы куысты тыххӕй

Демографион уавӕры тыххӕй та Пухаты Эрик загъта, зӕгъгӕ, республикӕйы фӕфылдӕр кодтой сывӕллӕттӕн фиддонтӕ, фӕлӕ нырма кӕронмӕ нӕ аскъуыддзаг кодтой мады капиталы фарст.

Уый ма ноджы банысан кодта, ныййарджытӕн кӕй вӕййы сабидонтимӕ проблемӕ, уый фӕдыл ног инвестпрограммӕмӕ бахӕсдзысты ног сабидӕтты арӕзтад.

Фӕстагмӕ депутаттӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хицауад 2017 азы бакодта рӕстӕмбис куыст. Уыимӕ сразы сты 26 депутаты, ӕхсӕз депутат не схъӕлӕс кодтой, иу та схъӕлӕс кодта йӕ ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0