Цхинвалы Sputnik фан-клубы футбол уарзджытӕ рамбылдтой лӕвӕрттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Sputnik фан-клуб ауагъта конкурстӕ футбол уарзджытӕн

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Цхинвайлаг спортивон бар "Лига Чемпионов"-ы ацыд дыккаг фембӕлд Sputnik FanClub-ы фӕлгӕтты — сӕрмагонд зонӕ, кӕцы сарӕзта информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстон футбол уарзджыты ӕрбаиу кӕныны нысанӕн. Радон фембӕлдмӕ фӕхуыдтой арӕзтады фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Михаил Герасимов ӕмӕ экономикӕйы фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Павел Ковальскийы.

Куыддӕр спортивон бары зал раивтой агентады символикӕмӕ, афтӕ фынгтӕ байдзаг сты футбол уарзджытӕй ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты хъазтмӕ.

Мадзал байгом кодта радио Sputnik амонӕг Карсанты Гурам: уый раарфӕ кодта футбол уарзджытӕн ӕмӕ ауагъта конкурс футболы тематикӕйыл. Хъазты фӕстиуӕгӕн сбӕрӕг сты ӕртӕ уӕлахиздзауы — уыдон райстой агентадӕй зӕрдылдарӕн призтӕ ӕмӕ грамотӕтӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik FanClub

Футбол уарзджыты цӕстӕнгас адих ис хъазты райдайӕнмӕ, фӕлӕ дыккаг таймы кӕронмӕ йӕ фӕстиуӕг уыд бӕрӕг.

Арӕзтады фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Михаил Герасимовӕн фыдӕнхъӕл фӕцис фыццаг таймы фӕстӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр уырныдта йӕ уарзон командӕйы рамбылд.

"Рӕстӕг дзы нырма ис — сӕ тыхтӕ ӕртымбыл кӕндзысты ӕмӕ атакӕйы ацӕудзысты", — загъта Герасимов.

Фӕлӕ уӕддӕр фанатты ныфс ацы изӕр ацъӕл ис: уӕрӕсейаг командӕ атакӕйы нӕ ацыд, фӕлӕ хъахъхъӕдта йӕхи дуӕрттӕ.

"Фыццаг таймы нын не сфаг ӕнтыст, дыккаджы та къӕйныхдзинад. Ацы хъазт махӕн хъуамӕ радта азарт ӕмӕ спортивон агресси", — загъта хъазты фӕстӕ экономикӕйы фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Павел Ковальский.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik FanClub

Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев загъта бузныджы ныхӕстӕ футбол уарзджытӕн ӕмӕ бавӕрдта ныфс, фан-клубы фембӕлдтӕ кӕй суыдзысты хорз традици.

"Фӕстиуӕг мах цахӕм фӕндыд, ахӕм нӕ рауад, фӕлӕ нын нырма ис фадат нӕхи сраст кӕнынӕн", — банысан кодта Раднаев.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон байгом кодта Цхинвалы сӕрмагонд зонӕ футбол уарзджытӕн — Sputnik FanClub. Ӕнӕхъӕн мӕй спортивон бары территорийыл кусдзӕн фӕзуат футбол уарзджытӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/6
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Sputnik FanClub
1/6
Sputnik FanClub
2/6
Sputnik FanClub
3/6
Sputnik FanClub
4/6
Sputnik FanClub
5/6
Sputnik FanClub
6/6
Sputnik FanClub
Ног хабӕртты лентӕ
0