Бибылты Анатолий: энерги кӕм ис, уым райрӕзт дӕр ис

© Пресс-служба президента РЮОВалерий Голубев ӕмӕ Бибылты Анатолий
Валерий Голубев ӕмӕ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры цӕугӕ ӕмбырды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ ПАО "Газпром"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕрдзырдтой районы газифтонгады сӕйраг хӕслӕвӕрдтыл

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Ленингоры районы газифтонгадӕй дарддӕр ма асфальтӕй бамбӕрздзысты поселочы фӕндӕгтӕ, радзырдта ПАО "Газпром"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерий Голубев цӕугӕ ӕмбырды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ.

"Мах фӕнд кӕнӕм райдайын проект аразын ацы аз. Фарст аскъуыддзаг кодтам, баззад ма цалдӕр процедурон фарсты. Ӕмӕ нӕ хӕс у газифтонгадимӕ байдауын Ленингоры поселочы фӕндӕгтӕ дӕр асфальтӕй бамбӕрзын", — радӕтта Голубевы ныхӕстӕ паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, Ленингоры районы газифтонгад кӕй у республикӕйы къухдариуӕгады иууыл ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй иу ӕмӕ йӕ 'ххӕст кӕндзысты этаптӕм гӕсгӕ фондз азы. Уый ма бафтыдта, хъӕуы раздӕр дӕр кӕй уыд газ, фӕлӕ Гуырдзыстон стыр аргъ кӕй сӕвӕрдта газыл, уый тыххӕй Хуссар Ирыстон не сразы ахӕм ӕлхӕдыл. Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны газы аргъ у РЦИ-Аланийы ӕмвӕзадыл.

Газовые линии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент радзырдта, кæд райдайдзæн республикæйы газификаци

Ленингоры районы сӕргълӕууӕг Хацырты Филипп загъта бузныджы ныхӕстӕ ПАО "Газпром"-ӕн ӕмӕ банысан кодта, районы цӕрджытӕ тынг кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц газифтонгадмӕ.

Афтӕ ма Валерий Голубев банхъардта районы среализаци кӕнын газомоторон ӕртаджы райрӕзты проект.

"Мӕн фӕнды, цӕмӕй "Газпром" среализаци кӕна газомоторон ӕртаджы райрӕзты проект. Цхинвалӕй Ленингормӕ у 78 километр ӕмӕ ахӕм ӕртагкӕнӕн станц хъуамӕ уа Ленингоры дӕр. Газы аргъ у цъусдӕр. Ӕмӕ уый хорз у бинонты бюджетӕн", — бахахх кодта Голубев.

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, абоны бон ис цыппар газуарӕн станцы — дыууӕ дзы кусынц.

"Нӕ проекгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, газифтонгад хъуамӕ цӕуа алкӕцы газуарӕн станцӕй дӕр. Ленингоры районы газифтонгад цӕудзӕн Цхинвалы газуарӕн станцӕй. Фӕлӕ ацы цыппар здӕхты кусдзысты иумӕйагӕй", — радзырдта сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ног хызты эксплуатацийыл кусдзӕн 500 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0