Хуссар Иры июлӕй фӕзынаргъ уыдзӕн бензин

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæÆртагкæнæн станц
Æртагкæнæн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы экономикӕйы райрӕзты министр радзырдта, РХИ территорийыл ӕртаджы аргъ кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы аз 1 июлӕй фӕфылдӕр уыдзӕн АИ-92 маркӕ бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы аргъ, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ. Адӕмӕн сӕ аргъ уыдзӕн 38 ӕмӕ 43 сомы, бюджетон организацитӕн ӕмӕ паддзахадон куыстуӕттӕн та — 40 ӕмӕ 43 сомы.

Автозаправочные станции Газпромнефть в Омске - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схызтысты ӕртаджы ӕргътӕ

Республикӕйы ӕргъты баивды тыххӕй радзырдта РХИ экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий.

"Уӕрӕсейы ӕртаджы ӕргътӕ стабилон кӕй не сты, уый зонынц ӕрмӕст шофыртӕ нӕ, фӕлӕ ма хуымӕтӕг ӕмбӕстӕгтӕ дӕр. Ӕргъты схызт разынд мах базарадыл ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы куыстыл дӕр", — банысан кодта уый.

Кокойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уавӕр ма зын кӕны уымӕн ӕмӕ "Югосетнефтепродукт" хъуамӕ райдыдтаит ӕртагкӕнӕн станцы арӕзтад, кӕцыйӕн уыдзӕн фылдӕр рауагъдон фӕрӕзтӕ.

"Уый тыххӕй мах хъуамӕ аивӕм бынӕттон ӕргътӕ, кӕцытӕ уӕддӕр сты къаддӕр Цӕгат Ирыстоны ӕргътӕй", — бафтыдта министр.

Уагдоны сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ зын у прогноз дӕттын цауы райрӕзтӕн. Афтӕ ма уый баныфсӕвӕрдта, республикӕйы къухдариуӕгад кӕй бафӕлвардзӕн, цӕмӕй ӕргътӕ уой къаддӕр Цӕгат Кавказы республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0