Дыууæ цхинвайлаг æрмхæцæджы ссисты æхсæнадæмон æрысты призертæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваСослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу
Сослан Гассиев-чемпион Европы и Мира по армлеслингу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Еналдыты Асланбегы номарæн II æппæтуæрæсейон турниры рахиз къухы травмæмæ æнæкæсгæйæ æнæхорзæх нæ баззад зынгæ ирон æрмхæцæг Гасситы Сослан, æрыгон спортсмен Кæсæбиты Владислав та гуырахстджын турниры райста йæ фыццаг майдан

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ расгуыхтысты Цæгат Ирыстоны Еналдыты Асланбегы номарæн II æппæтуæрæсейон турниры армрестлингæй. Цхинвайлаг æрмхæцджытæ райстой дыууæ бронзæ майданы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Ерысты майданты хицау баисты Гасситы Сослан æмæ Кæсæбиты Владислав.

"Гасситы Сослан фыццаг бынатыл ацыд галиу къухæй, фæлæ йæ рахиз къух æрæджы бахъыгдардта Европæйы чемпионаты æмæ уый тыххæй рахизæй ссис æрмæстдæр фæндзæм. Уый хыгъд, иумæйаг хатдзæгмæ гæсгæ, лæппу ссис бронзæйон призер. Аннæ бронзæ бафтыд Кæсæбиты Владиславы къухы, æрыгон лæппуйæн ахæм турниры призон бынат у стыр æнтыст", — радзырдта тренер.

Уый ныхæстæм гæсгæ, ерысты конкуренци уыд Уæрæсейы æмæ Европæйы чемпионатты æмвæзадыл.

"Ерыстæм æрæмбырд ис 300 армрестлеры бæрц УФ-йы 23 регионæй. Стæй турниры хистæр æмæ кæстæр кары спортсментæ тох кодтой иумæ, уымæ гæсгæ уæлахиз ратонын уыд зын", — бафтыдта уый.

Джиоты Валерий ма бузныг загъта Хуссар Иры Спорты комитеты разамонæг Зассеты Сергейæн сеʻххуысы тыххæй æмæ кæсджытæн дæр, кæцытæ сæ цæст дардтой армрестлерты ралæудтæм.

Еналдыты Асланбегы номарæн II æппæтуæрæсейон турнир армрестлингæй цыд 29-30 июны Дзæуджыхъæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0