Хуссар Иры хицауады сӕрдар ӕрсидт аразджытӕм куыстыты гъӕд фӕхуыздӕр кӕнынмӕ

© Пресс-служба правительства РЮО Хуссар Иры хицауады сӕрдармӕ ӕмбырд
Хуссар Иры хицауады сӕрдармӕ ӕмбырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕзтады гъӕды басгӕрст алкӕцы этапыл дӕр ратдзӕн егъау фӕстиуджытӕ, загъта хицауады сӕрдар аразджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕрсидт арӕзтадон организацитӕм, цӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой Инвестпрограммӕйы объектты куыстыты гъӕдмӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕной фидаргонд ӕмгъуыд, хъусын кӕны дыццӕджы республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик: хъӕуы фӕтагъд кӕнын Хуссар Иры арӕзтады темптӕ

Пухаты Эрик ауагъта ӕмбырд 2018-2019 ӕзты инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытыл. Ӕмбырдмӕ фӕхуыдтой нардуатон организациты сӕргълӕуджыты, кӕцытӕ кусынц Ивестпрограммӕйы объекттыл.

"Арӕзтады процессы ахсджиаг фарста у куыстыты гъӕд. Абоны бон уагъд цӕуы басгӕрст арӕзтады алкӕцы этапыл дӕр, ӕмӕ уый ратдзӕн егъау фӕстиуджытӕ", — банысан кодта Пухаты Эрик.

2018-2019 азтæн инвестицион программæ фидаргонд æрцыд фарон декабры уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнхицауадон къамисы рабадтыл. Программæйы 51 пункты реализацийæн уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн 4,3 млрд сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0