Хуссар Иры парламент ацыд каникултӕм иу мӕй раздӕр

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты спикер радзырдта, цӕй тыххӕй баивтой депутатты сӕрдыгон улӕфты ӕмгъуыд ӕмӕ ской кодта иууыл ахсджиагдӕр законты тыххӕй, кӕцытӕ райстой ацы аз

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ацыд сӕрдыгон каникултӕм иу мӕй раздӕр, цӕмӕй байдайа кусын августы, республикӕйы хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбӕтты, фехъусын кодта Sputnik закондӕттӕн оргӕны спикер Гасситы Петр.

Спикеры ныхӕстӕм, раздӕр-иу депутаттӕ ацыдысты сӕрдыгон улӕфтмӕ августы райдайӕны 45 бонмӕ, фӕлӕ ацы аз республикӕйы хӕдбардзинады банымады цытӕн масштабон мадзӕлтты тыххӕй депутаттӕ баивтой сӕрдыгон улӕфты ӕмгъуыд.

"Махмӕ ӕрцӕудзӕн бирӕ уазджытӕ, се 'хсӕн паддзахадты сӕргълӕуджытӕ дӕр, уыдзӕн масштабон мадзӕлттӕ ӕмӕ хъӕуы саразын алцыдӕр, цӕмӕй банысан кӕнӕм ацы цау аккаг ӕмвӕзадыл. Уый фӕдыл парламент августы кусдзӕн", — загъта Гасситы Петр.

Парламенты спикер банысан кодта, фароны каникултӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламент кӕй райста 40 закон, се 'хсӕн конституцион закон Уӕлдӕр тӕрхондоны тыххӕй, афтӕ ма бакодта кӕронмӕ республикӕйы тӕрхондонон реформӕ.

Афтӕ ма Гасситы Петр бафтыдта, зӕгъгӕ, парламентӕн йӕ бон у ӕртымбыл уын каникулты рӕстӕджы дӕр, куы бахъӕуа, уӕд. Уый тыххӕй спикер ныридӕгӕн баныхас кодта депутаттимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0