Хуссар Иры разысгарджытӕ равдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ хсынӕй

© Пресс-служба Минобороны РЮО Хуссар Иры разысгарджытӕ равдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ хсынӕй
Хуссар Иры разысгарджытӕ равдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ хсынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Контролон ӕхстыты рӕстӕджытӕ разысгарджытӕ ивтой сӕ позицитӕ ӕмӕ ӕхстой фӕзынгӕ милтӕ

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разысгарджытӕ фенын кодтой егъау профессионализм контролон ӕхстыты рӕстӕджы, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Ахуыртӕ уагъд ӕрцыдысты Хъахъхъӕнынады министрады полигоныл, контролон ӕхстыты рӕстӕджы ӕххӕст кодтой тактикон цӕттӕкӕнынады норматив — ӕхсыны позицийы баивд.

"Ӕхстыты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ раст ӕххӕст кодтой хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ сын сӕвӕрдтой сӕ командӕгӕнджытӕ, ӕмӕ фенын кодтой егъау профессионализм", — банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, цӕттӕкӕнынады этапы райдайӕны разысгарджытӕ сахуыр кодтой хӕцӕнгарзы тактико-техникон характеристикӕ ӕмӕ ӕхсыны фӕтктӕ.

Ахуыртӕ цыдысты ахуырадон кълӕсты ӕмӕ ӕфсӕддон полигоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0