Алагираг моладзандоны лагеры баулӕфыдысты хуссарирыстойнаг рынчын сабитӕ

© Владикавказская епархия русской православной церквиЛагерь в Елизаветинском детском центре при Аланском Богоявленском женском монастыре
Лагерь в Елизаветинском детском центре при Аланском Богоявленском женском монастыре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагеры хайад исынӕй дарддӕр бинонтӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны алы районтӕй райстой ӕнӕфидгӕ консультацитӕ мӕскуыйаг специалисттӕй

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Алайнаг сылгоймӕгты моладзандоны "Елизаветайы номыл сывӕллӕты центры" ӕвдӕм аз уагъд цӕуы сӕрдыгон лагерь хӕлд райрӕзтимӕ сывӕллӕттӕн. Ацы аз моладзандоны центр райста 27 адӕймаджы, хъусын кӕны Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы официалон хыз.

Мад Нонна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алагиры алайнаг сылгоймӕгты моладзандон – Ирыстоны сабиты аздон

Моладзандоны лагеры фӕлгӕтты ацыд семинар, цы ран хайад истой 30 логопед ӕмӕ психологӕй фылдӕр республикӕйы специализирон сывӕллӕтты ахуыргӕнӕндӕттӕй, ауагътой йӕ Мӕскуыйаг психологтӕ Татьяна Ратынская ӕмӕ Дмитрий Ермолаев.

Лагерь куыста фараст боны. Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджыттӕ хайад истой программӕйы, кӕцы сарӕзтой моладзандоны центры сывӕллӕттӕн хӕлд = психо-эмоционалон сферӕимӕ. Программӕйы хицӕндзинад у уый ӕмӕ сӕрмагонд ахуыртӕ уагъд цӕуынц къордты, уый та ӕххуыс кӕны сывӕллӕттӕн социалон бастдзинӕдтӕ скӕнын.

"Елизаветайы номыл сывӕллӕты центры" директор моладзан Георгия банысан кодта, зӕгъгӕ, лагеры программӕйы авд азы куысты ӕмгъуыдмӕ фӕзынд йӕхи традицитӕ: лагеры хайадисджытӕ алыбон дӕр сӕхи ныннайынц моладзандоны суадоны, афтӕ ма лагеры рӕстӕджы сӕххӕст кӕнынц балц кувӕндӕттӕм.

Программӕйы ис алыбонон сфӕлдыстадон ахуыртӕ керамикӕйы къорды — лагерь куы фӕуа, уӕд хайадисджыты къухӕй арӕзт фӕлындынтӕ балӕвар кӕнынц сывӕллӕттӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0