Хуссар Ир ӕмӕ Венесуэла райтынг кӕндзысты ӕууӕнчы ӕмӕ хӕлардзинады ахастытӕ

© Sputnik / Алексей КовалевВенесуэла
Венесуэла - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, бӕстӕты хсӕн цы ахастытӕ райрӕзтысты, уыдон сомбон дӕр дидин калдзысты

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта республикӕ Венесуэлаимӕ ахастыты перспективӕ ӕмӕ бахахх кодта, дыууӕ бӕстӕйӕн дӕр ӕмхуызон зын фӕндаг кӕй уыд хӕдбардзинадмӕ. Уый тыххӕй Бибылты Анатолий ныффыста арфӕйы фыстӕджы Республикӕ Венесуэлайы президент Николас Мадуромӕ паддзахады хӕдбардзинад кӕй банымадтой 1811 азы 5 июлы, уый цытӕн.

"Бирӕ адӕм сӕ цӕрдтӕ радтой, цӕмӕй ацы бӕрӕгбон ӕрцӕуа, кӕцымӕ тынг тырныдтой ӕмӕ йыл тох кодтой Венесуэлайы адӕм. Хуссар Ирыстоны адӕм дӕр ацыдысты зын фӕндаг сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ. Мах алыхатт дӕр хъуыды кӕндзыстӕм Венесуэлайы 'рдыгӕй хӕлардарӕг акт, куы нын банымадтой нӕ Республикӕйы хӕдбардзинад. Мӕн уырны ӕмӕ бӕстӕты хсӕн цы ахастытӕ райрӕзтысты, уыдон сомбон дӕр дидин калдзысты", — дзырдӕуы арфӕйы фыстӕджы.

Президент фембӕлд Венесуэлӕйы хъуыддӕгты рӕстӕгмӕ ӕвджид Хуссар Ирыстоны Альваро Энрике Санчес Кордероимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Венесуэла фидар кӕндзӕн йӕ ахастытӕ Хуссар Иримӕ

Афтӕ ма республикӕйы президент ӕрхуыдта Мадуройы Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн Цхинвалы 26 августы.

Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы суверенитет 2009 азы 10 сентябры, Уӕрӕсе ӕмӕ Никарагуайы фӕстӕ. Афтӕ ма паддзахады хӕдбардзинад банымадтой Сири ӕмӕ Науру.

Ног хабӕртты лентӕ
0