Хуссар Иры президенты уынаффӕгӕнӕг балӕвар кодта йӕ мызд студенттӕн

© FacebookГӕззаты Давид
Гӕззаты Давид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕззаты Давид фехъусын кодта, зӕгъгӕ, уынаффӕгӕнӕджы бынаты йӕ куы снысан кодтой, уӕд загъта, йӕ мызд студенттӕн кӕй дӕтдзӕн

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Ӕхсӕнадон архайӕг ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид радта Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты дӕс хуыздӕр студентӕн фӕйнӕ 25 мин сомы. Гӕззаты Давид фехъусын кодта Sputnik, зӕгъгӕ, уынаффӕгӕнӕджы бынаты йӕ куы снысан кодтой, уӕд загъта, йӕ мызд студенттӕн кӕй дӕтдзӕн.

"Ӕз ацы хабар нӕ нымайын уадиссагыл. ХИПУ-йы студентты ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ равзӕрстой — ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ тынг ахсджиаг у дӕ адӕмы ахуырад ӕмӕ культурӕйӕн ӕххуыс кӕнын. Президент йӕхӕдӕг дӕр хъус дары университетмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Хуссар Ирыстоны ахуырад райрӕзт", — загъта уый.

Гӕззаты Давид баныфсӕвӕрдта, студентты хорзӕхджын кӕнын кӕй суыдзӕн традици ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзысты иу азы фӕстӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0