Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой масштабон ахуыртӕ Хуссар Иры

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæТактикон ахуыртӕ
Тактикон ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полигон "Дзарцъем"-мӕ ракодтой иу мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ 150 иуӕджы та хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Тактикон ахуыртӕ ӕхсынимӕ ауагътой уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстоны. Мадзӕлттӕ цыдысты полигон "Дзарцем"-ы, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

В Южной Осетии проходит призыв в армию - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тагъд ӕфсадмӕ: Хуссар Иры райдыдта Гарзджын тыхтӕм ӕрсидт

Зылды банысан кодтой, зӕгъгӕ, ахуырты хайад райстой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы мотоӕхсӕн, танкон, артиллерион, зенитон, ракетон ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ. Иумӕйагӕй ӕхстыты хайад райстой иу мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, 150 иуӕджы та хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ.

Ӕфсӕддонтӕ фехстой танктӕй Т-72А, фистӕгӕфсады хӕстон хӕдтулгӕ БМП-2, артиллерон ӕвӕрд "Акация", минӕӕхсӕгтӕй "Сани", автоматон ӕмӕ къухӕй гранатӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, афтӕ ма ӕхсӕн хӕцӕнгарзӕй ӕмӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕй.

Ахуырты рӕстӕджы сӕрмагонд хъусдард здӕхт уыд хӕстон архайдмӕ хӕххон-хъӕды бынаты уавӕрты, ӕфсӕддон архайдмӕ, хӕстон хӕдтулгӕты скъӕрын ӕмӕ ӕхсыны фӕлтӕрддзинад фӕхуыздӕр кӕныны, индивидуалон ӕмӕ къордон нормативты ӕххӕст.

Ног хабӕртты лентӕ
0