Атахт трассӕйӕ: Хуссар Иры ӕвзонг цӕрӕг бахауд рынчындонмӕ

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг лӕппу нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ скъӕрын, ахаудта фӕндагӕй ӕмӕ сфӕлдӕхт

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цӕрӕг бахауд рынчындонмӕ аварийы фӕстиуӕгӕн Цхинвал — Ленингоры фӕндагыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, авари кӕй ӕрцыд цыппӕрӕмы изӕры: 18-аздзыд шофыр ВАЗ-2109 хӕдтулгӕйыл нӕ сырӕхст скъӕрын, машинӕ ахауд фӕндагӕй ӕмӕ сфӕлдӕхт.

"Фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн ӕвзонг лӕппуйы буары цӕфтимӕ аластой Цхинвалмӕ республикон соматикон рынчындонмӕ", — банысан кодтой МХМ.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд ӕрвонг.

Ног хабӕртты лентӕ
0