Хуссар Ир ӕмӕ Донбассы бизнесментӕ бадзырдтой ӕмгуыстадыл

© Пресс-служба президента и правительства РЮОХуссар Ир ӕмӕ Донбассы бизнессментӕ бадзырдтой ӕмгуыстадыл
Хуссар Ир ӕмӕ Донбассы бизнессментӕ бадзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ июны бафыста бадзырд луганскаг бизнесментимӕ, ӕртыццӕджы ӕнгӕс бадзырд бафыстой коллегӕтимӕ ДАР-ӕй

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕ бадзырдтой базарадон ӕмӕ хъуыддаджы ӕмгуыстад райтынг кӕныныл. Уый рагхыгъд у дыууӕ республикӕйы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты ӕхсӕн бадзырды, кӕцы бафыстой Цхинвалы.

Президент РЮО Анатолий Бибилов на заседании комитета Россия – Донбасс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент: ДАР-имæ бадзырд нæу здæхт æртыккаг бæстæты ныхмæ

Бадзырды бафыссыны церемони уагъд ӕрцыд ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны хицауады агъуысты. Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы президент Ӕлборты Алан ӕмӕ йӕ донецкаг коллегӕ Валерия Булыга.

Бадзырдмӕ гӕсгӕ, РХИ ӕмӕ ДАР райтынг кӕндзысты базарадон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ сфидар кӕндзысты базайрӕгты зилдух.

"Ацы бадзырд здӕхт у нӕ республикӕты ӕддагон экономикон бастдзинӕдты райрӕзтмӕ. Продукци, кӕцы ис махмӕ, уыдзӕн популярон сымахмӕ, сымах продукци та махмӕ", — загъта Булыга.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, документ фенцондӕр кӕндзӕн амалиуӕгдартӕн базайрӕгты аласын ӕмӕ ӕрбаласыны процедурӕ.

"Сӕйраг базайрӕгтӕй дарддӕр, куыд згъӕр ӕмӕ ӕвзалы, Донецкаг Адӕмон Республикӕйӕн йӕ бон у ласын ӕндӕр базайрӕгтӕ дӕр: колбасон ӕмӕ ӕхсыры продукци, афтӕ ма цардуаджы базайрӕгтӕ дӕр", — банысан кодта Булыга.

Амӕйразмӕ, июны, ахӕм бадзырдтӕ Хуссар Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ бафыста йӕ коллегӕтимӕ Хъырым ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕтӕй.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ. Фарон майы Хуссар Ирыстон бафыста ДАР-имӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0