ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къобеты хъӕуы 64-аздзыд цӕрӕг бахауд рынчындонмӕ йӕ трактор цалцӕг кӕныны рӕстӕджы — нӕлгоймаджы аластой рынчындонмӕ цъӕл синимӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ
"Нӕлгоймаджы цъӕл синимӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ. Рагафонон информацимӕ гӕсгӕ, тракторист райста травмӕ йӕ транспортон фӕрӕз кӕй атылд, уый тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
МХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, районон мидхъуыддӕгты управлени бӕрӕг кӕны цауы ӕууӕлтӕ.