Майдан, æхца æмæ уæлахиздзауы ном: расидт æрцыд Нафийы номыл æртыккаг преми

© Sputnik / Фатима ПлиеваПремия им. Нафи Джусойты
Премия им. Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премимæ куыстытæ бавдисæн ис 12-ӕм сентябрьмӕ

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хæрзаудæн фонд "Амонд" сиды литератортæм зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл 2017-2018 æзты национ литературон премийы конкурсы хайд райсынмæ, фехъусын кодта фонды разамонæг Челæхсаты Хъазбег йæ фарсыл Facebook-ы.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нафи - куыд ӕй бахъуыды кодтам, афтӕмӕй

Хӕрзаудӕн фонд "Амонд" Джусойты Нафийы номыл æрвылазон аив литературон конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы кӕрон. Фонд сарæзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.

"Премийы бындурæвæрджыты сæйраг нысан у, ирон æвзагыл чи фыссы уацмыстæ, уыдонæн сæ курдиатджындæрты фарс балæууын, цæмæй сын Фонды премийы руаджы æххуыс цæуа сæ уацмыстæ мыхуыры рауадзынæн. Преми райсынмæ кандидаты хъуамæ æвдисой сфæлдыстадон цæдистæ æмæ зонад-иртасæг уагдæттæ. Премимæ æвдыст цæуынц романтæ, уацаутæ, радзырдты æмбырдгондтæ, пьесæтæ æмдзæвгæты чингуытæ", — фехъусын кодта Челæхсаты Хъазбег.

Поэт Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы уынгтæй иуæн радтой Джусойты Нафийы ном

Премимӕ сӕ куыстытӕ бавдисыны фадат ис куыд Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фысджытӕн, афтӕ ма Турчы ӕмӕ дард фӕсарӕнты цӕрӕг ирӕттӕн дӕр. Уацмыстӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ фыст уой ирон ӕвзагыл.

Конкурсы Жюрийы сконды сты Цӕгат ӕмӕ Хуссары фысджытӕ ӕмӕ журналисттӕ, зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, хӕрзаудӕн фонд "Амонды" кусджытӕ. Уӕлахиздзауты бӕрӕг кӕнынц сусӕг хъӕлӕсӕппӕрстӕй. Уæлахиздзаутæн лæвæрд цæудзæн премиимæ иумæ лауреаты диплом æмæ майдан.Премийы фыццаг лауреат райсдзæн 150 мин сомы, дыккаг – 100 мин сомы æмæ 50 мин сомы та æртыккаг.

Цытджын уавæры преми лæвæрд цæудзæн 2018 азы сентябры мæйы кӕрон. Уымӕй дарддӕр ма уыцы бон лӕвӕрд цӕудзысты номдзыд ирон поэт Плиты Грис номыл премитӕ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0