Хъӕлдзӕг ӕмӕ пайдаджын: Цхинвалы байгом кӕндзысты квадроциклтыл скъӕрыны курстӕ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæПоказательные выступления стантрайдеров
Показательные выступления стантрайдеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕзуат байгом уыдзӕн Цхинвалы раздӕры АТК-йы бынаты Цоциты Василийы уынгыл

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн сывӕллӕты квадроциклтыл скъӕрыны курстӕ. Сӕрмагонд фӕзуаты баконд сӕххӕст уыдзӕн сабаты Цхинвалы, радзырдта Sputnik байкерты клуб "Скиф 4x4"-йы разамонӕг Лӕууойты Сева.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хъуыдыйы инциатортӕ уыдысты цхинвайлаг байкертӕ, финансон ӕххуыс сын бакодта президент Бибылты Анатолий.

Джип-триал Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ацæудзæн джип-триал

"Уый уыд клубы хъӕппӕрис. Мах балхӕдтам дӕс квадроцикл, ахуыр кӕндзыстӕм сывӕллӕтты скъӕрын ӕмӕ фӕндагон змӕлды фӕтк ӕххӕст кӕнын. Техникӕ куы сахуыр кӕной, уӕд сӕвӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ", — загъта Лӕууойты Сева ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, фӕндагон змӕлды фӕткты зонындзинад хуыздӕр хъуамӕ ахуыр кӕной скъолаты.

Фидӕны курсты инициатортӕ нывӕндынц уадзын турниртӕ дыууӕ кары категорийы. Уыдоны хайад райсыны бар уыдзӕн 5-14 азы сывӕллӕттӕн.

Лӕууойты Сева бафтыдта, квадроциклтыл скъӕрын уыдзӕн ӕрмӕст хъӕлдзӕг нӕйы, фӕлӕ ма пайдаджын архайд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0