Терминологон къамисы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты терминты дзырдуæттæ

© Sputnik / Наталья АйриянВахтана
Вахтана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Терминологон къамисы рабадты, кæцы ацыд Дзæуджыхъæуы, архайдтой Ирыстоны разамонджытæ – Бибылты Анатолий æмæ Битарты Вячеслав

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны терминологон къамисы экспертты фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн юридикон æмæ лингвистикон терминты сæрмагонд дзырдуæттæ ирон æвзагыл, хъусын кæны телеканал "Осетия-Ирыстон"-ы сайт.

156 лет со дня рождения Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры дæр арæзт цæуы мадæлон æвзаджы терминологон къамис

Терминологон къамисы рабадты, кæцы ацыд Дзæуджыхъæуы, архайдтой Ирыстоны разамонджытæ – Бибылты Анатолий æмæ Битарты Вячеслав.

"Форумы архайджытæ æркастысты дыууæ республикæйы æмгуыстады райрæзты программæмæ. Проектмæ бахастой 9 сæйраг пункты. Се 'хсæн культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ хъахъхæнын, чингуыты рауагъдадтимæ куыст æмæ ахуырадон фарстатæ. Чингуыты автортæн та хъæуы сæрмагонд курсытæ саразын. Лыггæнинаг фарстатæ нырма бирæ ис, фæлæ дыууæ республикæйы кусджытæм ныфс ис æнгом æмгуыстады фæрцы сæ аиуварс кæнын кæй бантысдзæн", — дзырдæуы сæ хъусинаджы.

Терминологон къамис саразыны уагæвæрдтæ æмрæстæджы фидар æрцыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауадты æмбырдты 2018 азы райдайæны.

Къамисы сæйраг фарстытæ сты — ирон æвзаджы лингвистикон терминологон системæ фæхуыздæр кæнын, сбæрæг кæнын литературон нормæтæ æмæ фæбæрзонддæр кæнын æвзаг зоныны культурæ. Уымæй уæлдай, ирон адæмы национ-культурон райрæзты тыххæй арæзт цæуы экспертон къамис дæр, уый кусдзæн Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн æмгуыстады фарстытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0