Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ

© Пресс-служба МВД РЮО Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ
Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зианы суммӕ рацыд 400 мин сомы

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ агурынц ӕбӕрӕг фыдгӕнджыты, кӕцытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ горӕты аразгӕ объекттӕй иуы ӕмӕ фӕтары сты фыдракӕнды бынатӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Барадхъахъхъӕнджытӕм бадзырдта Цхинвалы 52-аздзыд цӕрӕг, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сабаты ӕхсӕвы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ бахызтысты машинӕтӕ ӕхсӕнмӕ Харебаты Исахъхъы уынгыл "Винзавод"-ы цур. Объекты территорийыл уыдысты пластикӕй рудзгуытӕ, кӕцытӕ фыдгӕнджытӕ басыгътой ӕмӕ фӕтары сты фыдракӕнды бынатӕй.

Зианы суммӕ рацыд 400 мин сом, банысан кодтой МХМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0