Давӕг ногӕй ссӕрибар: Хуссар Иры ахӕстонӕй алыгъд тӕссаг фыдгӕнӕг

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСлестгæнæн изолятор
Слестгæнæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къӕбысты Андрейы ӕрцахстой 2017 азы адӕмы давыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Козаты Диана. Къӕбысты Андрей, кӕцыйы фарон ӕрцахстой уӕззау фыдракӕндтӕ саразыны тыххӕй, алыгъд Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь.

Къӕбысты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайладжы давæджы аххосджын кæнынц бастдзинады комитеты гæсы хæдзармæ балæбурды

Къӕбысты Андрейы ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕг Цхуырбаты Александры адавыны фӕстӕ, кӕцыйы йӕхи хӕдтулгӕйыл аластой Присы хъӕуӕй. Уый размӕ Къӕбысты Андрейы дыууӕ азы дӕргъы агуырдтой адӕмы давыны тыххӕй.

"Къӕбысты Андрей сарӕзта бынкъахт йӕ камерӕйӕ. Алыгъд сӕххӕст хуыцаубон ӕхсӕвы 1:45 сахатыл", — загъта Наниты Игорь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уагъд цӕуынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, барадхъахъхъӕнджытӕ агурынц фыдгӕнӕджы.

Фӕстӕдӕр сбӕрӕг кодтой, Къӕбысты Андрей хайад кӕй райста бастдзинады комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасанмӕ бабырсты фарон майы, афтӕ ма ноджы иу бабырсты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0