Цхинвалы ацӕудзӕн фыццаг хӕрзаудӕн ленк

© Sputnik / Алексей КовалевОлимп дворец спорта
Олимп дворец спорта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ ӕртымбыл кӕндзысты мадзалы, ратдзысты рынчын чызгӕн хос кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Фонд "Лӕвар базыртӕ" ауадздзӕн Цхинвалы фыццаг хӕрзаудӕн ленк, кӕцыйы фӕрӕзтӕ ацӕудзысты 11-аздзыд Дзӕгъиаты Миланайы хос кӕнынӕн, кӕцы тох кӕны уӕззау низимӕ. Мадзал, кӕцы арӕзт ӕрцӕудзӕн фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕххуысӕй, райдаудзӕн 4 августы райсом 11 сахатыл спортивон комплекс "Олимп"-ы, фехъусын кодта Sputnik фонды сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьяна.

Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрбакодтой ленк кæныны курсытæ

"Спортивон мадзал арӕзт ӕрцыд онкологийӕ рынчын чызг Дзӕгъиаты Миланайы ӕххуысӕн акцийы фӕлгӕтты, кӕцыйы хъӕуы ӕвӕстиат зынаргъ операци. Акцийы рӕстӕджы цы фӕрӕзтӕ ӕртымбыл уой, уыдон Фонд "Лӕвар базыртӕ" ратдзӕн сывӕллоны бинонтӕн", — банысан кодта уый.

Ленчы хайад райсыны бар ис алкӕмӕн дӕр, кӕцы мадзалы бон бафиддзӕн хӕрзаудӕн фиддон. Ерысты уӕлахиздзауты схорзӕхджын кӕндзысты цытджын грамотатӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕй.

"Мадзалы мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ерысты хайадисджытӕм ӕмӕ кӕсджытӕм дӕр. Хайад кӕй фӕнды райсын, уыдонӕн семӕ хъуамӕ уа ӕнӕмӕнг экипировкӕ", — бафтыдта Цхуырбаты Татьяна.

Амӕйразмӕ июлы фонд "Лӕвар базыртӕ" агентад Sputnik, компани "Остелеком", ПТРК "ИР" ӕмӕ сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуаны ӕххуысӕй сарӕзта хӕрзаудӕн акци Дзӕгъиаты Миланайы ӕххуысӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0