Авари алвӕндагыл: Цхинвалы мотоциклист сӕмбӕлд хӕдтулгӕйыл

© Sputnik / Ада БагианАлвӕндаг
Алвӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мотоциклисты аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Цхинвалы 17-аздзыд ӕвзонг лӕппу "RTM" мотоциклыл сӕмбӕлд "Лада-Гранта" хӕдтулгӕйыл, кӕцыйыл скъӕрдта столицӕйы 35-аздзыд цӕрӕг. Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд къуырисӕры Сталины ӕмӕ Советон уынгты алвӕндагыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Цауы фӕстиуӕгӕн мотоциклы шофыры буары алыгъуызон цӕфтимӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ, медицинон ӕххуыс ын бакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ауагътой", — банысан кодтой МХМ.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг.

Ног хабӕртты лентӕ
0