Цӕмӕн фӕфылдӕр ис Хуссар Иры зынгирвӕзтты нымӕц

© Пресс-служба МЧС РЮОПожар в Южной Осетии
Пожар в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад нӕ уадзы ӕнӕдзуаппӕй никӕцы ӕрсидт зынгирвӕзты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисонтӕ дыццӕджы дӕс хаттӕй фылдӕр ацыдысты арты ныхмӕ тох кӕнынмӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны пресс-службӕ.

Дыццӕджы изӕры хуссарирыстойнаг столицӕйы цӕрджытӕ стыхстысты фӕздӕджы смагӕй. Уый аххосаг уыд кӕрдӕджы ссыгъд Цхинвалы цӕгаттаг кӕроны. УУМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, зынгирвӕзты аххосаг уыд артимӕ ӕнӕмӕт архайд.

"Зынгирвӕзты тыххӕй хъусинаг бацыд уагдонмӕ дыццӕджы 20.30 сахатыл. Цауы бынатмӕ ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы, бахъуыд сӕ саразын фӕйнӕ цыппар рейсы, уый тыххӕй ӕмӕ зынгирвӕзты фӕзуат уыд дыууӕ гектарӕй фылдӕр", — радзырдта уӕлвӕткон уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дымгӕйы здӕхт уыд горӕтмӕ, ӕмӕ уый тыххӕй горӕты цӕрджытӕ ӕнкъардтой фӕздӕджы смаг.

Полигон Дзарцъем - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ Хуссар Иры полигоны зынгирвӕзты тыххӕй: уавӕр ис хъусдарды бын

Зынгфӕдисонтӕ арт ахуыссын кодтой ӕхсӕвы дыууӕ сахатыл.

Тедеты Розайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иумӕйагӕй знон Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ бацыд 11 хъусинаджы зынгирвӕзтты тыххӕй, уыдон нымӕцы республикӕйы районтӕй дӕр. Фӕстаг дыууӕ къуыри та зынгфӕдисонтӕ ацыдысты арты ныхмӕ тох кӕнынмӕ 60 хаттӕй фылдӕр.

"Алыхатт дӕр зынгирвӕзты аххосаг уыд адӕймагон фактор, ӕнтӕф ӕмӕ дымгӕ. Бирӕтӕ ссудзынц сӕ цӕхӕрадӕттӕ, цӕмӕй фервӕзой хус кӕрдӕгӕй. Тынг арӕх уый тыххӕй арт апарахат вӕййы егъау территорийыл ӕмӕ цӕрджытӕн сӕхи тыхтӕй сӕ бон нал вӕййы артимӕ тох кӕнын", — загъта УУМ пресс-секретарь.

Тедеты Роза ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм цауты рӕстӕджы арт хӕстӕг бацӕуы цӕрӕн хӕдзӕрттӕм. Иу ӕнгӕс цау уыд Ходы хъӕуы, зынгфӕдисонтӕ тынг зынӕй куы аиуварс кодтой арт.

© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгирвӕзт Хуссар Иры
Зынгирвӕзт Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Зынгирвӕзт Хуссар Иры
© Пресс-служба МЧС РЮОЗынгирвӕзт Хуссар Иры
Зынгирвӕзт Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Зынгирвӕзт Хуссар Иры
1/2
Зынгирвӕзт Хуссар Иры
2/2
Зынгирвӕзт Хуссар Иры

Афтӕ ма уый радзырдта, зӕгъгӕ, вӕййынц цаутӕ, ӕмӕ зынгирвӕзт фӕзыны ахӕм бынӕтты, кӕцыты цур нӕ вӕййынц зынгфӕдисон хайадтӕ, ӕмӕ-иу сӕ хъӕуы бирӕ рӕстӕг цӕуын цауы бынатмӕ. Уый фӕдыл уагдон сиды адӕммӕ, цӕмӕй хъавгӕ архайой артимӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнтӕфы алы чысыл цӕхӕр дӕр ӕркӕны стыр зынгирвӕзтмӕ.

УУМ бафӕдзӕхстой, зынгирвӕзты тыххӕй фыдгӕнджыты кӕй ӕрбаздахдзысты административон бӕрнмӕ ӕмӕ сӕ фӕивар кӕндзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0