Хуссар Иры бакодтой уголовон хъуыддаг депутаты тыххӕй дам-думтӕ парахатгӕнӕгыл

© Sputnik / Ада БагианГенералон прокуратурӕ
Генералон прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутат Тедеты Бахва ӕмӕ ӕнахъом чызгджы хсӕн бастдзинады тыххӕй дам-думтӕ расидтысты стыр хъаугъатӕ ӕхсӕнады

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг информаци парахат кӕныны фӕдыл парламенты депутат Тедеты Бахвайы бастдзинады тыххӕй ӕнахъом чызгимӕ. Официалон документ генералон прокуроры къухфыстимӕ ныммыхуыр кодта социалон хызӕг Facebook-ы йӕ официалон фарсыл парламенты спикер Гасситы Петр.

Тедеты Бахва - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ныббарӕн ын нӕй: Тедеты Бахва йӕ ныхмӕ дам-думты тыххӕй

Дам-думты тыххӕй ӕхсӕнады райдыдтой стыр хъаугъатӕ. Фӕзынд бирӕ комментаритӕ — иутӕ зылынджын кодтой политикы, аннӕтӕ та йӕ сӕрыл хӕцыдысты ӕмӕ фыстой, зӕгъгӕ, УФ командӕйы раздӕры ӕнтыстджын футболисты, ныр та парламенты комитеты сӕргълӕууӕджы ном фӕнд кӕнынц счъизи кӕнын. Фӕстӕдӕр Тедеты Бахва йӕхӕдӕг радзырдта "Ир" телеканалы эфиры ӕмӕ ӕрсидт барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной дам-думтӕ парахатгӕнджыты.

"Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Отары фырт Бахва ӕмӕ ӕнахъхом чызджы бастдзинады тыххӕй социалон хызӕгты ӕмӕ информацион фӕрӕзты информаци парахат кӕныны фӕдыл республикӕйы Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад бакодта уголовон хъуыддаг", — дзырдӕуы документы.

Амӕйразмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Наниты Игорь фехъусын кодта, зӕгъгӕ, уагдонмӕ нӕй факттӕ, кӕцытӕ сфидар кӕной депутаты ныхмӕ информаци.

Ног хабӕртты лентӕ
0