Sputnik бильд-редактор райста хорзӕх Хуссар Иры президентӕй

© Sputnik / Наталья КелехсаеваSputnik бильд-редактор райста хорзӕх Хуссар Иры президентӕй
Sputnik бильд-редактор райста хорзӕх Хуссар Иры президентӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ республикӕйы алыгъуызон фадгуыты минӕвӕрттӕн

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik-ы бильд-редактор Хаситы Михаилы схорзӕхджын кодтой Цытджын грамотайӕ. Хорзӕх уый райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийӕ.

Цыппӕрӕмы паддзахады сӕргълӕууӕг радта паддзахадон хорзӕхтӕ ДИФ, медицинӕ, ахуырад ӕмӕ ӕндӕр фадгуыты минӕвӕрттӕн.

Первая осетинская газета Ирон газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: журналисттӕ хӕссынц бӕрн сӕ алкӕцы ныммыхуыргонд дзырдыл дӕр

Хаситы Михаилӕн радтой хорзӕх "егъау сгуыхтдзинӕдты тыххӕй журналистикӕйы, республикӕйы цӕуӕг цауты объективон парахат кӕныны тыххӕй, афтӕ ма ДИФ-ы кусӕджы бӕрӕгбон нысан кӕныны тыххӕй".

Президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыры цытджын ном райста республикон соматикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Кокойты Маирбег. Президент загъта бузныг республикӕйы иууыл хуыздӕр дохтыртӕй сӕ иуӕн, бирӕ адӕмы кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй.

Бузныджы фыстӕджытӕ президентӕй Хуссар Ирыстоны территиорийыл УФ президенты ӕвзӕрстытӕ ауадзыны активон организацион архайды тыххӕй райстой ахуырады министр Гасситы Натали, Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Наниты Игорь, Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Плиты Белла ӕмӕ районты администрациты сӕргълӕуджытӕ.

"Ахсджиаг у алкӕцы професси дӕр, ӕмӕ ӕз бузныг дзурын сымахӕн, уӕ куыст хорз кӕй аразут, уый тыххӕй. Мӕ цӕст уын уарзы фидар ӕнӕниздзинад, сабырдзинад ӕмӕ егъау ӕнтыстытӕ", — радӕтта Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0