Хуссар Иры сбӕрӕг сты африкайаг емынӕйӕ фосы фӕрынчы цаутӕ

CC0 / Pixabay / Хъыбылтӕ
Хъыбылтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Африкӕйы емынӕйӕ рынчын хуытӕ сбӕрӕг кодтой Знауыры районы Дзагъина ӕмӕ Терегуаны хъӕуты

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой фосы фӕрынчы цаутӕ африкӕйы емынӕ ӕмӕ дерматитӕй. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик уый фӕдыл ӕрдзырдта районты ӕмӕ ветеринарон службӕты сӕргълӕуджытимӕ мадзӕлтты тыххӕй, цӕмӕй ма бауадзой апарахат кӕнын ацы низтӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Пухаты Эрикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу мӕй ӕмӕ ӕрдӕгмӕ районтӕй ӕрвылбон цӕуы информаци фосы уавӕры тыххӕй, уагъд цӕуынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мадзӕлттӕ.

"Дыууӕ милуан сомӕй фылдӕр бахардз кодтам нодулярон дерматиты ныхмӕ вакцинӕйыл ӕмӕ уагъд цӕуы ставдкъах фосы вакцинаци, рахицӕн кодтой транспорт, цӕмӕй ветеринартӕ хъӕутӕм цӕуой. Ауагътам мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма бауадзӕм апарахат кӕнын хуыты африкӕйы емынӕ, кӕцыйы тыххӕй нӕм фыццаг информаци ӕрбацыд ӕртӕ боны размӕ", — радӕтта Пухаты Эрикы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Африкӕйаг емынӕ цӕгъды хуыйы мыггаг Знауыры районы

Нодулярон дерматит нырма никуы уыд республикӕйы территорийыл, низ нӕ бахастой фосы низты номхыгъдмӕ, кӕцытӕн иудадзыг ауадзынц вакцинаци. Ацы аз низ фӕзынд алы районы дӕр, Ленингоры районӕй дарддӕр. Ӕмбырды хайадисджытӕ рахастой уынаффӕ ацы район номхыгъдмӕ бахӕссын, цӕмӕй ам дӕр сомбон ма апарахт уа низ.

Африкайаг емынӕйӕ рынчын хуытӕ сбӕрӕг кодтой Знауыры районы Дзагъина ӕмӕ Терегуаны хъӕуты.

Цӕмӕй инфекцион низ дарддӕр дӕр ма барахат кӕна, уый тыххӕй районтӕй рахизӕнты сарӕзтой дезинфекцион гӕрӕнтӕ.

Афтӕ ма ӕмбырды рӕстӕджы ӕрдзырдтой ӕндӕр мадзӕлтты фӕдыл дӕр, цӕмӕй тох кӕной фосы инфекцион низтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0