Тыхӕй спайда кодтам законмӕ гӕсгӕ: МХМ Къӕбысты Андрейы ӕххуысгӕнджыты ӕрцахсыны тыххӕй

© Flickr / ndlonХъадамантӕ
Хъадамантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны цалдӕр ӕмбӕстаджы ӕрцахсыны лыстӕгдзинӕдты тыххӕй, се хсӕн уыдысты Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ дӕр, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайы изоляторӕй алидзгӕ фыдгӕнӕгӕн баххуыс кӕныны

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) комментаритӕ сарӕзта информацийы тыххӕй, ома уагдоны кусджытӕ фӕнадтой республикӕйы цалдӕр ӕмбӕстаджы, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта фыдгӕнӕг Къӕбысты Андрейӕн рӕстӕгмӕдарӕн изоляторӕй алидзынӕн баххуыс кӕныны.

Прокуратура Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕдагуырд фехъусын кодта Къӕбысты Андрейы алыгъды лыстӕгдзинӕдтӕ

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы азымджын кодтой адӕмы давыны тыххӕй, алыгъд МХМ изоляторӕй 30 июлы ӕхсӕвы. Уый ӕрцахстой 2017 азы сӕрды. Ӕрфарсты рӕстӕджы басаст цалдӕр фыдракӕндыл, фӕстӕдӕр сбӕлвырд кодтой, цалдӕр бабырсты дӕр хайад кӕй райста.

МХМ пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 1 августы оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы милицийы кусджытӕ ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕ ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ раздӕр уыдысты уголовон бӕрны бын уӕззау фыдракӕндтӕ саразыны тыххӕй: Бесаты Руслан, Мамиты Ричард, Цоциты Сергей ӕмӕ Тедеты Василий.

"Оперативон информацимӕ гӕсгӕ, ацы гоймӕгтӕ уыдысты ӕввахс Къӕбысты Андрейимӕ ӕмӕ сӕм гӕнӕн ис уа информаци йӕ бынаты тыххӕй. Куы сӕ ахстой, уӕд зӕрдӕхсайгӕ адӕм ныхмӕ фӕлӕууыдысты МХМ кусджытӕм, ӕмӕ милиционертӕ законмӕ гӕсгӕ спайда кодтой физикон тыхӕй", — дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Уагдоны бахахх кодтой, зӕгъгӕ, информаци интернеты, ома МХМ кусджытӕ фӕнадтой ацы гоймӕгты, раст нӕу.

Уӕрӕсейаг ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдӕг милуан давӕджы тыххӕй: МХМ расидт хорзӕх Къӕбысты Андрейыл информацийы тыххӕй

"Милицийы кусджытӕн ис бар пайда кӕнын физикон тыхӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕтыхон фӕрӕзты фӕрцы милицийӕн йӕ бон нӕу йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, уӕд", — банысан кодтой МХМ.

Афтӕ ма уагдоны фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, фӕдагурджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы кусджытыл, кӕцыты уӕлӕнгай ахаст сӕ службӕйон хӕстӕм баххуыс кодта Къӕбысты Андрейӕн алидзын. Уый фӕдыл ӕрцахстой рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы дыууӕ кусӕджы. МХМ-йы ӕдасдзинады управлени райдыдта службӕйон басгӕрст, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной кусджыты, кӕцытӕ хайад истой алыгъды.

Ног хабӕртты лентӕ
0