Хуссар Иры сывӕллӕтты бон уыдзӕн ахуыр кӕнын УФ Хъахъхъӕнынады министрады скъолаты

© Sputnik / Наталья АйриянУæлахизы бон
Уæлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бафыссыны тыххӕй нырма дыууӕ азы размӕ дзырдта хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕввахс рӕстӕджы бафысдзысты бадзырд республикӕйы ӕнахъом ӕмбӕстӕгты ахуыры тыххӕй уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты, фехъусын кодтой хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕм кандидатты ӕвзӕрст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъæнынады министрад æвзары абитуриентты УФ æфсæддон ахуыргæнæндæттæм

Ахӕм хъӕппӕрисимӕ ралӕууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Шойгуимӕ фембӕлды рӕстӕджы 2017 азы, хъахъхъӕнынады уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ куы бафыстой бадзырд хуссарирыстойнаг ӕфсады хицӕн хайадты Уӕрӕсейы ӕфсады скондмӕ бахизӕны тыххӕй, уӕд.

"Хуссар Ирыстоны ӕнахъом ӕмбӕстӕгтӕ ахуыр кӕндзысты Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕтты. Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад июлы", — радзырдтой хъахъхъӕнынады министрады.

Бадзырд бафыссын републикӕйы хицауады номӕй хъахъхъӕнынады министрады бавджид кодта РХИ президент Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0