Ӕнӕсӕрфат тыхми: Уӕрӕсейы ФХМ Хуссар Ирыстоны хӕсты тыххӕй

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæУничтоженная база российских миротворцев
Уничтоженная база российских миротворцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕддагон политикӕйы уагдон радта комментаритӕ Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй 2008 азы августы

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Цыфӕнды тыхми дӕр ӕхсӕнадӕмон ахастыты фадыджы ӕркӕны ӕвирхъау фӕстиуджытӕм, ӕмӕ трагикон цауты Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы махӕн уый фенын кодтой, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ).

"2008 азы трагикон цаутӕ нын радон хатт бамбарын кодтой, ӕхсӕнадӕмон хъаугъатӕ тыхон методтӕй скъуыддзаг кӕнын кӕй у ӕнӕсӕрфат ми. Сӕйраджыдӕр, хъаугъатӕ куы вӕййынц ӕхсӕннационалон ахастыты фадыджы: алкӕцы тыхми дӕр ӕркӕны ӕвирхъау фӕстиуджытӕм", — дзырдӕуы ФХМ хъусинаджы.

Ӕддагон политикӕйы уагдоны бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе Хуссар Кавказы архайы, цӕмӕй Гуырдзыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз ӕхсӕн райдайа баныхасы процесс.

Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг ӕфсӕдты хайад райст Цхинвалы хӕсты рӕстӕджы уыд законон ӕмӕ йӕ бындурыл ӕвӕрд уыдысты ӕхсӕнадӕмон барады нормӕтӕ.

Посол России в Южной Осетии Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ-йы минӕвар Цхинвалы: 2008 азы августы Ныгуылӕны бӕстӕтӕ нӕ ӕрлӕууын кодтой Саакашвилийы

"Уӕрӕсейы ӕфсӕддон операцийӕн уыд иунӕг хӕс – ӕрлӕууын кӕнын Гуырдзыстоны агресси ӕмӕ мауал бауадзын ног бабырсттӕ. Ӕфсӕддон операци кӕронмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕфсады хайадтӕ ракодтой Гуырдзыстоны территорийӕ 2008 азы октябры принциптӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ рахастой Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведев ӕмӕ Францийы президент Николя Саркози", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0