Хуссар Иры цъыфы зӕй ӕрӕхгӕдта Транскамы змӕлд

© SputnikСель на Транскаме
Сель на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цъыфы зӕй сыгъдӕг кӕныны рӕстӕджы трассӕйыл фӕзынд 70 хӕдтулгӕйӕ пробкӕ

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Транскавказы магистралы змӕлд фехӕлд цъыфы зӕйы тыххӕй, кӕцы ӕрӕхгӕдта трассӕ Уӕллаг Ручъы хъӕуы цур.

Цӕстӕйфенджытӕ фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, цъыфы зӕй дуртимӕ ӕрцыд трассӕмӕ 9.30 сахатыл Ручъы тъунел ӕмӕ арӕнгӕрон уадзӕн пункт "Рук"-ы ӕхсӕн.Фӕндагон службӕтӕ уайтагъд ссыгъдӕг кодтой фӕндаг, куыстыты рӕстӕджы фӕндагыл ӕртымбыл сты бирӕ хӕдтулгӕтӕ.

11.00 сахатмӕ фӕндаг кӕронмӕ ссыгъдӕг кодтой ӕмӕ Транскамы змӕлд сног кодтой.

Транскавказы магистраль цæуы хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцыйыл ацæуæн ис Уæрæсемæ Хуссар Ирыстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0