Битарты Вячеслав 2008 азы августы цауты тыххӕй: ӕнӕзонд политикты ӕвирхъау митӕ

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВрио главы Республики Северная Осетия – Алания Вячеслав Битаров
Врио главы Республики Северная Осетия – Алания Вячеслав Битаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2008 азы августы хӕст ӕппӕт ирон адӕмӕн ӕрхаста стыр зиан, банысан кодта Битарты Вячеслав

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ралӕууыд раныхасимӕ Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы боны тыххӕй, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

"Цӕгат Ирыстоны иу цӕрӕг дӕр нӕй, кӕцы нӕ фӕхъынцъым кодта дӕс азы размӕ цаутыл", — радзырдта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Акция памяти: Гергиевская лестница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауль Хаджимба: Абхаз Хуссар Иримӕ хъынцъым кӕны 2008 азы амӕттӕгты тыххӕй

Афтӕ ма Битарты Вячеслав загъта бузныг Уӕрӕсейӕн, кӕцы бахъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны адӕмы.

"Мах алыхатт дӕр уыдзыстӕм бузныг Уӕрӕсейӕн, кӕцы бахъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны адӕмы, ӕрлӕууын кодта ӕнӕзонд политикты ӕвирхъау митӕ, кӕцыты фӕндыд байсын нӕ ӕфсымӕртӕн иууыл сӕйрагдӕр – сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад", — бахахх кодта уый.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Цӕгат Ирыстоны кӕй нӕ ферох кӕндзысты уыцы зын рӕстӕг ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, ирон адӕмӕн ис иу хъысмӕт ӕмӕ иу фидӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0