Цхинвалы ахуыссын кодтой зынгирвæзт

© SputnikПожар
Пожар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады бæстыхæйтты комплексы æртыццæджы изæры цы зынгирвæзт уыд, уый æххæстæй иуварс æрцыд

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон сæйраг сахары ссыгъдысты хицауады хæдзары хатæнтæ, фехъусын кодтой Sputnik ХИ УУМ-ы.

"Зынгирвæзт æрцыд хицауады хæдзары фæсчъылдым фарс, арт зиан æрхаста миграцион полтикæйы фæдыл комитеты цалдæр хатæнæн. Зынгирвæзты бынатмæ бацыд æртæ зынгхуыссынгæнæн къорды. Арт ахуыссын кодтой, зианбаййафджытæ нæй", — загътиой уагдоны.

УУМ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгирвæзт иуварс æрцыд 40 минутмæ. Президенты администрацийы хатæнтæ, кæцытæ сты ацы комплексы, зынгривæзты нæ бахъыгдард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0