Орден Уацамонгæйы кавалертæн сфидар кодтой фиддонтæ

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова с кавалерами Ордена Уацамонга
Встреча Анатолия Бибилова с кавалерами Ордена Уацамонга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент уæлдæр æфсæддон хорзæхы кавалертимæ æруынаффæ кодтой цæрæнуатон æмæ фиддонты фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд Орден Уацамонгæйы кавалертимæ, цы ран æруынаффæ кодтой проблемон фарстытыл.

Ӕхсæнадон змæлд "Орден Уацамонгæйы кавалерты цæдис"-ы сæргълæууæг Бестауты Тамаз уынаффæмæ рахаста Орден Уацамонгæйы кавалертæн фиддонтæ сфидар кæныны æмæ цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæныны фарст.

Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
10 азы фæстæ: Цхинвалы æрбакодтой цыртытæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæтæн

Президент банысан кодта, Финансты министрадæн хæсгонд æрцыд, цæмæй банымайой фиддонты хæрдзтæ, кæцыты фидын райдайдзысты 2019 азæй.

Цæрæнуатон проблемæйы фарстыл дзуаппдæтгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уый кæй у номхыгъдты радтæ фехалыны ныхмæ.

"Махмӕ ис рады номхыгъдтӕ Цхинвалы администрацийы, цы ран кӕцыдӕр адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ радмӕ, цӕмӕй цӕрӕнуат райсой 1980 ӕзтӕй фӕстӕмӕ. Ӕмӕ уый раст нӕ уыдзӕн, Орден "Уацамонга" кӕмӕн ис, уыдонӕн раздӕр куы раттӕм цӕрӕнуат. Адӕм уый нӕ бамбардзысты", — загъта президент.

Уый банхъардта, цӕмӕй хицӕн номхыгъдтӕ саразой ацы категори адӕмӕн.

Фембӕлды рӕстӕджы президент загъта бузныг Ордены кавалертӕн сӕ хъайтардзинады тыххӕй 2008 азы августы.

"Уӕ нӕмттӕ сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст сты Ирыстоны историйы. Сымах стут цӕвиттон фидӕны фӕлтӕрӕн, кӕцы алыхатт дӕр сӕрыстыр уыдзӕн сымахӕй, уӕ хъайтардзинадӕй ӕмӕ райгуырӕн зӕххмӕ уарзондзинадӕй", — загъта уый.

Афтӕ ма президент банысан кодта, зӕгъгӕ, нын нырма ис бирӕ куыст – хъӕуы нӕ тыхтӕ иууылдӕр радтын сабырдзинадмӕ, цӕмӕй сфидар кӕнӕм нӕ паддзахад ӕмӕ раразмӕ кӕнӕм нӕ экономикӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0