Хид ӕмӕ алвӕндагыл: Цхинвалы трактор ӕмӕ хӕдтулгӕ бахаудтой ӕмхуызӕн ФТЦ-ты

© Пресс-служба МВД РЮО ФТЦ Цхинвалы
ФТЦ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аваритӕ ӕрцыдысты цалдӕр сахатмӕ, дыууӕ хатт дӕр шофыртӕ уыдысты нозтджын

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. "JBC" маркӕ тракторы шофыр нозтджынӕй сӕмбӕлд згъӕрӕй конструкцийыл, кӕцы бар нӕ дӕтты уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн хидыл скъӕрын Цхинвалы, ӕмӕ фӕтары ис цауы бынатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Сӕмбӕлд хидыл

Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд цыппӕрӕмы изӕры. Тракторы шофыр уыд Цхинвалы 36-аздзыд цӕрӕг, уый скъӕрдта 13 Коммунары уынгӕй Сомихӕгты уынгмӕ, цы ран сӕмбӕлд хиды сӕрыл ӕвӕрд конструкцийыл.

"Шофыр ныууагъта ФТЦ-йы бынат, кӕцыйы хайадисӕг уыд ӕмӕ фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд нозтджын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Алвӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари алвӕндагыл: Цхинвалы мотоциклист сӕмбӕлд хӕдтулгӕйыл

Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр уадзынц басгӕрст, бафтыдтой МХМ-йы.

Сӕмбӕлд цифрон таблойыл

Ацы цау ӕрцыд иннӕ сӕмбӕлдӕй цалдӕр сахат фӕстӕдӕр, банысан кодтой уагдоны. Цыппӕры ӕхсӕвы Цхинвалы 32-аздзыд цӕрӕг "Мерседес" хӕдтулгӕйыл нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд цифрон таблойыл Джиоты Алан ӕмӕ Тасойты Иналы уынгты алвӕндагыл.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты нозтджын, банысан кодта МХМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0