Тынг хорз: РХИ парламенты спикер уӕрӕсейаг депутаты хъӕппӕрисы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПетр Гассиев
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕппӕрисы фӕдыл ӕрдзырдтой уӕрӕсейаг депутат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты спикеры фембӕлды рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутат Виктор Водолацкий ӕнхъары Хуссар Ирыстоны бакӕнын кадетты скъола сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ райгуырдысты 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ йӕ фӕстӕ.

Депутат ӕрцыд республикӕмӕ мысӕн мадзӕлтты хайад райсынмӕ, кӕцытӕ сты нывонд Гуырдзыйы агрессийы дӕсӕм афӕдзы бонӕн. Йӕ хъӕппӕрисы тыххӕй уый радзырдта парламенты спикер Гасситы Петримӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ ацы хъӕппӕрисы фӕдыл ӕрдзурдзӕн президент Бибылты Анатолиимӕ дӕр.

"Фӕнды мӕ фембӕлын сывӕллӕттимӕ, кӕцытӕ райгуырдысты нымад республикӕйы. Мах фӕнды уыдонӕн саразын кадетты корпус, уый тыххӕй ӕмӕ уыдон райгуырдысты уыцы аз, кӕцы ӕнусты баззайдзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны историйы", — радӕтта Водолацкийы ныхӕстӕ парламенты пресс-службӕ.

Гасситы Петры зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ацы хъӕппӕрис ӕмӕ уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы проект ратдзӕн Хуссар Ирыстонӕн фадат бацӕттӕ кӕнын фылдӕр квалификацигонд ӕфсӕддонты.

Сидзӕр сывӕллӕттӕ ӕмӕ кадетты фӕхуыдтой Воронежмӕ лагермӕ

"Дӕ хъӕппӕрис, ӕцӕгдӕр, у тынг хорз хъуыды. Кӕд дын дӕ хъӕппӕрис сӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕд цалдӕр азы фӕстӕ махмӕ уыдзӕн фылдӕр квалификацигонд ӕфсӕддонтӕ. Бирӕ ирӕттӕ тохы быдырты сӕхи равдыстой хорз хӕстонтӕй, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, скъола куы бакӕнӕм, уӕд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн фӕзындзӕн тынг хорз офицертӕ", — загъта Гасситы Петр.

Афтӕ ма спикер загъта бузныг уӕрӕсейаг депутатӕн Хуссар Ирыстонмӕ хъусдарды тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, Ирыстон цӕгаты ӕмӕ хуссары дӕр алыхатт дӕр йӕхи кӕй нымадта Уӕрӕсейы хай.

Ӕрныхасы рӕстӕджы уыдон ӕрымысыдысты 2008 азы цаутӕ дӕр. Хӕсты размӕ Водолацкий активон хайад иста сабыр цӕрджыты эвакуацийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0