Президент фæхуыдта Гасситы Мурæты Хуссар Ирмæ

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова с Виталием Слановым
Встреча Анатолия Бибилова с Виталием Слановым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий загъта, æнтыстджыныл кæй нымайы Гасситы Мурæты тох Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалы æмæ бахатыд йæ тренермæ, цæмæй йын фехъусын кæна йæ хуынд

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент фæхуыдта профессионалон боксер Гасситы Мурæты Хуссар Ирмæ, кæцыйы цæрджытæ фæнды сæ номдзыд æмзæххонæн скад кæнын. Паддзахады сæргълæууæг уый тыххæй фехъусын кодта спортсмены тренер Сланты Виталийимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Бибылты Анатолий загъта, æнтыстджыныл кæй нымайы Гасситы Мурæты тох Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалы æмæ бахатыд йæ тренермæ, цæмæй йын фехъусын кæна йæ хуынд.

"Гасситы Мурик Ӕппӕтдунейон суперсерийы иууыл æрыгондæр кæй уыд, уый хынцгæйæ йæ тох финалы уыд стыр æнтыст. Мах дзы стæм сæрыстыр æмæ нæ уырнынц йæ фидæны уæлахизтæ. Ӕппæт адæмы номæй Дæумæ хатын, цæмæй йын зæгъай Хуссар Ирмæ хуынд кæй у", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент ма бузныг загъта Сланты Виталийæн спортсментимæ йæ куысты тыххæй.

Боксер Мурат Гассиев (Россия) во время открытой тренировки участников финала Всемирной боксерской суперсерии в Москве. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты менеджер: Мурӕт ӕрбаздӕхдзӕн, ӕмӕ уый уыдзӕн бынтон ӕндӕр адӕймаг

"Бузныг Дын зæгъын дæ куысты тыххæй æрыгон спортсментимæ, куыд æнтыстджынтимæ, афтæ æвæлтæрд спортсментимæ дæр. Уыдон сты Тедеты Сослан æмæ Гасситы Мурæт — спортсмен, кæцы бæрзонд æмвæзадмæ ракодта бокс æмæ кæцыйæ сæрыстыр сты йæ райгуырæн бæстæйы. Ацы сгуыхтдзинадмæ стыр у Дæуæн дæ хайбавæрд", — загъта президент.

Уый ма æрæмысыд Сланты Виталийы аннæ хъомылгæнинæгты дæр, кæцытæ æнтыстджын уыдысты ивгъуыд æзты.

"Дæ хъомылгæнинæгты ʻхсæн уыд хорз боксертæ – Цоциты Оскар æмæ Эдгар, Ӕлборты Игорь, Зæгъойты Игорь, Плиты Роберт, кæцы рамбылдта Мухаммед Алийы Кубок. Уырны мæ, фидæны мах æвдисæн уыдзыстæм Дæ дæлбар архайæг боксерты æнтыстытæн", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Роберт Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мохаммед Алийы ирон фаворит - Плиты Роберт

Сланты Виталий бузныг загъта президентæн йеʻххуысы тыххæй.

"Бузныг Дын, алыхатт дæр нæ фарсмæ кæй 'рбалæууыс, уымæн стыр нысаниуæг дæттæм æз дæр æмæ Мурат дæр. Уæлахизтæ æдзух нæ вæййынц, хъыгагæн. Хъæугæ формæйы нæ бацыд Мурæт тохмæ, фæлæ уый у æвзонг æмæ нырма барухс кæндзæн йæ табугæнджыты зæрдæтæ. Ныридæгæн уый ис Германийы хоскæнынмæ, гæнæн бахъæуа йæ саразын операци. Æмбæлон уавæрмæ куы ркæна йæхи, уæд æрцæудзыстæм Цхинвалмæ", — загъта тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0