Президент радта бардзырд Хуссар Иры ахуыры азы райдайæн аргъæвыны фæдыл

© Sputnik / Алексей Ковалевправительство
правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый баст у Беслæны æрцæугæ трагедиимæ, кæцыйы амæттæгты мысынц Ирыстоны сентябры фыццаг бонты

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд ахуыры райдайæн 1-æм сентябрæй фæндзæммæ аргъæвыны фæдыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Цæгат Ирыстоны горæт Беслæны æрцæугæ теракты амæттæгты номыл барамынд дæттын: 5 сентябрь сфидар кæнын ахуыры азы райдайæны бонæй Хуссар Ирыстоны æппæт ахуырадон уагдæтты", — дзырдæуы цыппæрæмы сфидаргонд бардзырды.

1 сентября 2016 Цхинвал школьники - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры аргъæвтой ахуыры азы райдайæн

Уымæй размæ Ахуырады министрады хистæр Гасситы Натали фехъусын кодта Sputnik, ахуыры процесс Хусар Иры кæй райдайдзæн фондз бон фæстæдæр Беслæны 'рцæугæ трагедийы тыххæй, стæй ма 1 æмæ 2 сентябрь улæфт бонтæм кæй хауынц, уый хынцгæйæ.

1 сентябры 2004 азы террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, уыдоны æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0