Хуссар Иры ссардтой гæны 250 къутæры бæрц

Рафыссын
Наркотикон буарады хъæддаг кæрдæг ссардтой республикæйы Ленингоры районы

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Ленингоры районы управленийы кусджытæ ссардтой æмæ æдуидæгтæ скъахтой хъæддаг гæны 250 къутæры бæрц Абреуы хъæуы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Гæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны цæрджытæм ссардтой гæн

"Информаци сгарыны рæстæджы Мидхъуыддæгты министрады Ленингоры районы управленийы кусджытæ Абреуы хъæуы кæрон ссардтой хъæддаг гæны 240 къутæры", — дзырдæуы хъусинаджы.

Пресс-службæйы банысан кодтой, хъæддаг гæны къутæртæ æдуидæгтæ кæй скъахтой.

Уымæй размæ, барадхъахъхъæнæг органтæ ссардтой хъæддаг гæн дыууæ бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0