Саулаты сфӕлдыстад: Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст

© Sputnik / Наталья АйриянОткрытие художественной выставки Савлаевых
Открытие художественной выставки Савлаевых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты къамтыл фенæн ис президент Бибылты Анатолийы, дзæнæттаг профессор Джусойты Нафийы, номдзыд боксер Гасситы Мурæты, Ирыстоны æрдз æмæ хъæуты нывтæ

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны банымады дӕсӕм юбилей ӕмӕ ирон адӕмы Х-ӕм уанелæн нывонд Саулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст байгом Цхинвалы. Паддзахадон университеты фидæны музейты хатæнтæ æрфысым кодтой Саулаты мыггаджы къамтæ æмæ нывтæ.

Адæмы размæ рахастой мыггаджы 14 минӕвары куыстытӕ аивады алыгъуызон здӕхтыты. Равдысты автортæ сæхæдæг мадзалы æрбакондмæ неʻ рхæццæ сты – Саулаты сфæлдыстадон кусджыты ныффæстиат кодтой арæныл.

© Sputnik / Наталья АйриянСаулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст
Открытие художественной выставки Савлаевых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Саулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст

"Абоны мадзалы фæрцы мах æнгом кæнæм нæ ахастытæ Хъырымы республикæимæ, уæрæх кæнæм хæларадон бастдзинæдтæ Уæрæсейы регионтимæ. Мах ныфс ис, Саулаты мыггаджы совет æмæ Хъырымы ирон диаспорæ дарддæр дæр кӕй æмгуыст кæндзысты Хуссар Ирыстонимæ, зонгæ кæндзысты хъырымæгты дæр не 'взонг паддзахад æмæ йæ историимæ", — загъта мадзалы организатортæй иу Хъотайты Елена.

Равдыст арæзт æрцыд дыууæ хатæны, фыццаг залы уыд хуызфыссынады куыстытæ, дыккаг залы æрæмбырд сты Саулаты мыггаджы минæвæртты къамтæ. Сфæлдыстадон кусджыты объективты бахаудысты: Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, дзæнæттаг профессор Джусойты Нафи, номдзыд боксер Гасситы Мурæт, æрдз æмæ хъæуты нывтæ. Равдысты цытджын æрбаконды хайад райстой президент Бибылты Анатолий, æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ.

"Саулаты Валерийы хорз зонынц Хъырым æмæ Ирыстоны дæр. Сæ мыггагæй уый бæрц курдиатджын адæм кӕй ис, уый канд Саулаты мыггаджы кад æмæ фидыц нæу, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр кад у æмæ сæ сæрбæрзонд стæм. Тынг æнувыд сты аивадыл æмæ сын стыр бузныг зæгъæм", — банысан кодта президент Бибылты Анатолий йæ раныхасы рæстæджы.

Равдысты ис хуызфыссынад, графикӕ, архитектурӕ, интерьеры дизайн, аивадон къам ӕмӕ ӕндӕр здӕхæнты сфӕлдыстад.

© Sputnik / Наталья АйриянСаулаты сфӕлдыстад
Саулаты сфӕлдыстад - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Саулаты сфӕлдыстад
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6

4/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
© Sputnik / Наталья АйриянСаулаты сфӕлдыстад
Саулаты сфӕлдыстад - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
Саулаты сфӕлдыстад
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
1/6
Саулаты сфӕлдыстад
2/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
3/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
4/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст
5/6
Саулаты сфӕлдыстад
6/6
Цхинвалы æрбакодтой мыггаджы минæвæртты къамты æмæ нывты равдыст

Проект "Саулаты мыггаджы дыккаг сфӕлдыстадон равдыст" ӕвдисынц Саулаты мыггаджы совет, РХИ минӕварад Уӕрӕсейы,  ХИПУ æмæ Хуссар Ирыстоны президенты æмархайдæй. Амæйразмæ равдыст бавдыстой Цæгат Ирыстоны дæр. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ нырмæ дæр зонгӕ уыдысты Саулаты Валерийы сфӕлдыстадимӕ, кӕцы равдыста йӕ куыстытӕ фарон зымӕджы къамты равдыст "Хъырым-Ирыстоны" рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0