Табуафси, нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ: Цхинвалы байгом ис уанел

© Sputnik / Наталья АйриянЮбилейный X съезд международного общественного движения "Высший совет осетин"
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ раарфӕ кодтой ирӕттӕн ӕнӕхъӕн дунейӕ ирон адӕмы юбилейон уанелы рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сӕххӕст ис Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанелы бӕрӕгбонон баконд. Мадзалы ӕрӕмбырд сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ, культурӕ ӕмӕ зонады минӕвӕрттӕ.

Дыууӕ республикӕйы гимнты фӕстӕ театры сценӕмӕ рахастой ирон тырыса, уый фӕстӕ "Стыр Ныхас"-ы сӕргълӕууӕг Кучиты Руслан фехъусын кодта, уанел кӕй байгом ис. Президиумы хайадисджытӕ сфидар кодтой докладты регламент ӕмӕ радтой ныхасы бар Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийӕн, кӕцы раарфӕ кодта ӕрӕмбырд адӕмӕн.

"Табуафси Хуссар Ирыстонмӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ – ирон адӕмы минӕвӕрттӕ. Абон мах фӕнды, цӕмӕй ирӕттӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой Цхинвалы ӕмӕ иумӕ нысан кӕной цытджын бӕрӕгбон, кӕцыйы тыххӕй мах тох кодтам бирӕ ӕзты", — загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕнӕ Уӕрӕсейы ӕххуысӕй ирон адӕм не 'сфӕрӕзтаиккой ахӕм зын дуг.

Президент ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнӕхъӕн дунейы ирӕттӕ хъуамӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй иумӕ хайад исой Ирыстоны райрӕзты.

"Нӕ нысан у ӕрбаиу кӕнын ирон адӕмы, мах хъуамӕ иумӕ архайӕм Ирыстоны райрӕзты тыххӕй. Цӕмӕй нӕ байзӕддӕгтӕ сӕрыстыр уой махӕй, мах куыд сӕрыстыр стӕм Алантӕй, афтӕ", — бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав сразы ис Бибылты Анатолиимӕ ӕмӕ бафтыдта, ирон адӕм бирӕ ӕзты кӕй цыдысты сӕ паддзахады банымадмӕ ӕмӕ сфӕрӕзтой бирӕ зындзинӕдтӕ.

"Сом Хуссар Ирыстоны мах нысан кӕндзыстӕм егъау бӕрӕгбон, ӕмӕ цӕмӕй республикӕ дарддӕр дӕр дидин кала, уый тыххӕй мах хъуамӕ активон куыст кӕнӕм интеграцийыл Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны. Бибылты Анатолий бирӕ кусы уыцы нысанӕн, ӕмӕ ам дӕр ӕрӕмбырд сты адӕм, кӕцыты фӕнды уынын Ирыстон иугондӕй. Алкуыдӕр мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм кӕрӕдзийӕн ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, мах кӕй стӕм иу адӕм", — банысан кодта Битарты Вячеслав.

© Sputnik / Наталья АйриянБитарты Вячеслав
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав

Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел ацӕудзӕн 25 августы Цхинвалы. Фембӕлды сӕйраг фарстытӕ уыдзысты цӕгаттаг ӕмӕ хуссайраг ирӕтты иудзинад, мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ архитектурӕйы цырттӕ бавӕрын. Юбилейон уанелмӕ ӕрхуыдтой 27 ирон диаспорӕйы минӕвӕртты ӕппӕт дунейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0