"Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!": Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы

© Российский центр науки и культуры в г.Цхинвал"Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!": Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы
Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!: Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕстдӕс скъоладзауы Хуссар Ирыстонӕй ӕрыздӕхтысты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕмӕ балцӕй

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Ахуырадон балц "Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!"-йы Санкт-Петербургмӕ хайад райстой 25 бӕстӕйӕ делегацитӕ, се 'хсӕн Хуссар Ирыстоны скъоладзаутӕ дӕр. Сывӕллӕттӕ арвыстой диссаджы къуыри Уӕрӕсейы культурон столицӕйы, базонгӕ сты Петербурджы сӕйраг фендтаг бынӕттимӕ.

"Балц ацыд ӕнӕ ӕвирхъау цаутӕй — сывӕллӕттӕ райстой бирӕ хорз эмоцитӕ ӕмӕ сӕхи хорз дардтой. Сывӕллӕттӕ сӕхи активонӕй ӕвдыстой, иу конкурсы та бацахстой фыццаг бынат", — радзырдта Sputnik Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.

© Российский центр науки и культуры в г.Цхинвал"Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!": Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы
Здравствуй, Россия! - 2018 - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!": Хуссар Иры скъоладзаутӕ уыдысты Петербурджы

Цӕгаттаг столицӕмӕ балц сывӕллӕттӕн райдыдта ахуырадон экскурсийӕ горӕты. Афтӕ ма скъоладзаутӕн бацӕттӕ кодтой культурон программӕ: сывӕллӕттӕ уыдысты мастер-классты, хайад истой конкурсты ӕмӕ равдыстой сӕхи сфӕлдыстад.

Уӕрӕсейы Федерацийы историкон бынӕттӕм цӕуыны ахуырадон программӕ "Дӕ бон хорз, Уӕрӕсе!" ӕххӕст кӕны Россотрудничество 2014 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0