Хуссар Иры адавтой сыхаг бӕстӕйы цӕрӕджы мулк

© Пресс-служба МВД РЮО Милицийы кусӕг
Милицийы кусӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милици агуры ӕбӕрӕг адӕмы, кӕцытӕ рахастой Цӕгат Ирыстоны цӕрӕджы хӕдзарӕй цардуагон техникӕ

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы адавтой цардуагон техникӕ Цӕгат Ирыстоны цӕрӕджы хӕдзарӕй. Сылгоймаг милицимӕ фехъусын кодта цауы тыххӕй, Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ райдыдтой агурын фыдгӕнджыты, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Зианбаййафӕг бадзырдта милицимӕ куырдиатимӕ, 20-26 августы йӕ хӕдзарӕй Знауыры районы Сихиаты хъӕуы ӕбӕрӕг адӕм кӕй адавтой телевизор, хъазӕн ӕфтуан ӕмӕ газы баллон", — радзырдтой МХМ.

Давды зиан рауад 80 мин сомы. Мидхъуыддӕгты районон управлени уадзы басгӕрст фыдракӕнды фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0