Аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар: Хуссар Иры ФХМ Никарагуайы банымады тыххӕй

© Sputnik / Алексей КовалевРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Никарагуа уыд дыккаг бӕстӕ Уӕрӕсейы фӕстӕ, кӕцы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уый фӕстӕ республикӕйы хӕдбардзинад банымадтой Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий арвыста арфӕйы фыстӕг никарагуайаг коллегӕ Денис Роналдо Монкада Колиндресӕн Республикӕ Никарагуайы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

Никарагуа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Ир хъуыды кӕны Никарагуайы бавӕрд республикӕйы банымадмӕ

Никарагуа уыд дыккаг бӕстӕ Уӕрӕсейы фӕстӕ, кӕцы банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет 2008 азы хӕсты фӕстӕ.

"Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Республикӕ Никарагуайы рдыгӕй уыд нӕ адӕмӕн аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕвар, егъау стимул зын периоды. Ацы цауӕн ис стыр нысан Хуссар Ирыстоны адӕмы истори ӕмӕ хъысмӕты", — дзырдӕуы министры арфӕйы.

Афтӕ ма Медойты Дмитрий банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр уыдзӕн бузныг Никарагуайӕн ахӕм хъӕбатыр къахдзӕфы тыххӕй, кӕцы уыдон сӕххӕст кодтой 2008 азы 3 сентябры.

"Мах абон бузныг стӕм егъау ӕххуысы тыххӕй, кӕцы дӕс азы Никарагуа ӕххӕст кӕны нӕ паддзахадӕн ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл", — бахахх кодта Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг.

Медойты Дмитрий баныфсӕвӕрдта, дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастытӕ дарддӕр дӕр кӕй райтынг кӕндзысты дыууӕварсон ӕмгуыстад Хуссар Ирыстон ӕмӕ Никарагуайы адӕмы сабырдзинады сӕраппонд.

Банымадӕй дыууӕ азы фӕстӕ бӕстӕты ӕхсӕн сфидар сты дипломатон ахастытӕ, 2011 азы июлы Никарагуайы сарӕзтӕуыд Хуссар Ирыстоны минӕварад. Йӕ сӕргълӕууӕг у Козаты Нариман.

Ног хабӕртты лентӕ
0