Беслæны амæттæгты номарынæн Дзауы ауагътой гом уроктæ

© Sputnik / Анна КабисоваБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргæнджытæ радзырдтой, цавæр тугамæст разынд зонындзинæдты бæрæгбон Беслæны фыццæгæм скъолайы сывæллæттæн

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардтой 2004 азы Беслæны æрцæугæ трагикон цауы амæттæгты рухс нæмттæ. Районы скъола-интернаты ацыд гом урок, цы ран скъоладзаутæн радзыртой, 14 азы размæ зонындзинæдты бæрæгбоны цы бæллæх æрцыд, уый тыххæй, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского района Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардтой 2004 азы Беслæны æрцæугæ трагикон цауы амæттæгты рухс нæмттæ
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардтой 2004 азы  Беслæны æрцæугæ трагикон цауы амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардтой 2004 азы Беслæны æрцæугæ трагикон цауы амæттæгты рухс нæмттæ

Хуссар Иры ахуыры процесс райдайдзæн фæндзæм сентябрæй, зонындзинæдты бæрæгбон аргъæвтой Беслæны трагедийы аххосæй.

Беслӕны амӕттӕгты номарӕн фыдохы мадзал Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

"Иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Ахуыргæнджытæ радзырдтой, цавæр тугамæст разынд зонындзинæдты бæрæгбон Беслæны фыццæгæм скъолайы сывæллæтæн, куыд райдыдтой цæгъдын сывæллæтты æмæ хистæрты. Уыдон фæндыд басæттын ирон адæмы, фæлæ сын нæ рауад", — загъта районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы. Фыдохы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0