Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ
Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдасдзинады мадзӕлтты фӕтыхджындӕр баст у ног ахуыры азы райдайӕнмӕ

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хисӕрмагонд къорды дыццӕгӕй ракондӕуыд службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Ӕдасдзинады мадзӕлтты фӕтыхджындӕр баст у ног ахуыры азы райдианимӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

1 сентябрь Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццагкъласонтӕ фылдӕр кӕнынц: Хуссар Иры ахуырады министрад ног ахуыры азы тыххӕй

"Барадхъахъхъӕнджытӕ уадзынц къорд мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты скъолаты цытджын линейкӕты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕнынмӕ. Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды инженерон-саперон хайады кусджытӕ сгарынц скъолатӕ ӕмӕ сӕ алыварс территоритӕ сӕрмагонд техникон фӕрӕзты ӕмӕ кусӕгон куыйты руаджы. Ист цӕуынц мадзӕлттӕ фӕндагон ӕдасдзинад хъахъхъӕныны фӕдыл дӕр", — дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзӕн 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд, цӕмӕй ахӕссой ахуыры азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.

Республикӕйы скъолатӕм бацӕудзӕн 6,6 минӕй фылдӕр ахуырдзауы, уыдонӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0